Парламентон фылдæртæ регистрацийы ауагъдтой, 20-21 июны парламенты цур айтынггонд фæзындты фæдыл уагæвæрды проект
Парламентон фылдæртæ 2019 азы 20-21 июны Гуырдзыстоны парламенты галуаны раз территорийыл айтынггонд фæзындты фæдыл, уагæвæрды проект бакуыстой æмæ регистрацийы ауагъдтой.
Проекты фæдыл абон уагъд брифнгыл вице-спикер парламентон фылдæрты лидер Гиа Вольский фæныхас кодта.
Уагæвæрд 10 пунктæй у.
Уагæвæрды проектмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны парламент, æнцой кæны Гуырдзыстоны Конституцийыл æмæ йæ сæйраг принциптыл, Гуырдзыстоны Конституцийæ нымадмæ ист адæймаджы бындурон бартæ æмæ сæрибардзинæдтыл, хъусын кæны цæмæй:
- Гуырдзыстоны конституцион æгъдауæвæрды хъахъхъæд æмæ цыт Гуырдзыстоны хицауад æмæ Гуырдзыстоны кæцыфæнды æмбæстагы хæс у;
- Хъуыдыйы, йæ сабырадон разагъды æмæ æмбырды сæрибары хъахъхъæд Хицауады æрдгæй, демокративон паддзахады у принципонæй нысаниуæгджын;
- Хицауад 2019 азы 20 æмæ 21 июны максималонæй æруагъдта хъуыдыйы разагъды, сабырадон æмбырды æмæ манифестацийы сæрибардзинад;
- Хицæн политикъты кæнæ политикъон къордты æрдгæй æмбæстæгты сабырадон протесты æфсонæн спайда кæнын конституцион æгъдауæвæрды ныхмæ уагъд акт сæххæст кæнынæн, гуырымыхъхъ йæ ныхмæ у куыд барадон, афтæ, политикъæйы моралон принциптæн;
- Фæнысангонд сæрмагондæй мæтæфтауæг у, уæлдайдæр уыцы фоныл, йæ размæ куы уыдис хицæн политикъты систематон æхсæнадон сидтытæ хицауад революцион фæндагæй раивыны тыххæй;
- Гуырдзыстоны конституцион æгъдауы æмæ æхсæнадон æдадсзинады ныхмæ уагъд архайдыл нымад хъуамæ бауа Гуырдзыстоны конституцийæ бæрæг паддзахадон хицаудзинады системæйы централон органы – Гуырдзыстоны парламенты галуанмæ балæбурыны архайд æмæ къордон тыхмидзинады организацидзинад, кæцы æвзæрын кæны комкоммæ тас, куыд паддзахадон æмæ æхсæнадон, афтæ хицæн æмбæстагы æдасдзинадæн, кæцы сбæлвырд ис 2019 азы 20-21 июны айтынггонд фæзындтæй;
- Цыфæнды архайд, кæцы уагъд у конституцион сæрфады ныхмæ æмæ тас хæссы паддзахадон, æхсæнадон æмæ æмбæстæгты æдасдзинадæн, домы æмбæлон реакци æмæ фæдæвзарын паддзахады æрдгæй, барад æппæтадæмонæй нгымад принципты æмæ Гуырдзыстоны Конституцийы æмæ закъондæттынадмæ æмбæлгæйæ;
- Тыхми архæйдтыты æмæ парламенты бæстыхаймæ балæбурыны архайды дзуаппæн полицийы æрдгæй тыхæй спайда кæнын уыд легитимон;
- Тыхмидзинад кæрон скæныны рæстæджы, барадхъахъхъæнджыты æрдгæй гæнæн уæлдайджын тыхæй спайдайы цаутæ, æнæмæнгæй домынц хицауады æрдгæй æмбæлон реакци;
- Арфæйаг у Гуырдзыстоны адæмон барты хъахъхъæнæгы хайад цæугæ фæдæвзарæн процессты, кæцыйы фæрцы процесс уыдзæн рухсдзыд æмæ æууæнкаг дæр.
Уагæвæрды проекты банысангонд у, цæмæй уæлдæрбанысангонд иуылдæр зæрдыл бадаргæйæ, Гуырдзыстоны парламент сиды хицауады алы æмбæлон оргæнмæ, сæрмагонд тыхархайд аздæхой 2019 азы 20-21 июны айтынггонд фæзындты равзарыны æрдæм, сæрмагондæй та, алæрдгæй, æххæстæй, афоныл æмæ рухсдзыдæй равзара: Гуырдзыстоны парламенты бæстыхаймæ балæбурыны архайды факт, уыйимæ баст тыхмион архæйдтытæ æмæ рабæрæг кæна организаторты æмæ хайадисджыты; Барадхъахъхъæнæг оргæнты архæйдтытæ, сæ æххæстбарты сæрты ахизыны гæнæн фактытæ æмæ ссара æмбæлгæ уæнгты.
Уагæвæрды проекты банысангонд у, цæмæй бæрзонд паддзахадон æмæ æхсæнадон интересы тыххæй, Гуырдзыстоны парламент æнæмæнгхъæугæйыл нымайы уæлдæрбанысангонд фæдæвзарæны афоныл кæронмæ бакæнын æмæ йæ фæстиуджытæм гæсгæйæ, 2019 азы 20-21 июны Гуырдзыстоны парламенты галуаны арз территорийыл айтынггонд фæзындтæн политикъон аргъ скæнын.