Парламентон фылдæрты минæвæрттæ Европæйы Советы парламентон ассамблейы разæвзарæнон цæстдарг миссийы уæнгтимæ фембæлдысты
Параментон фылдæрты минæвæрттæ Гиви Миканадзе, Мака Бочъоришвили æмæ Леван Карумидзе, Гуырдзыстоны визитæй уæвæг Европæйы Советы парламентон ассамблейы разæвзарæнон цæстдарæг миссийы уæнгтимæ фембæлдысты.
Фембæлды фæуды фæстæ Европæимæ интеграцийы комитеты сæрдар Макъа Бочъоришвили куыд райхъусын кодта афтæмæй, миссийы уæнгтæ Тбилисы Гуырдзыстоны хицауады хуындæй сты.
«Сæ сæйраг нысан у, æрзонгæ уой разæвзарæнон æрдзимæ, байхъусой æндæр æмæ æндæр политикон партимæ æмæ разæвзарæнон уавæры фæдыл дарддæр саразой аргълæвæрдтæ. Мах сын бадæттам информаци, цæмæй куыд цæуы разæвзарæнон кампани æмæ цавæр расидты раз лæууæм ацы процессы æмæ кæй зæгъын æй хъæуы сдзуапп кодтам уыцы фарстытæн, кæцы сæм уыд æвзæрстыты æмæ æмтгæй райсгæйæ политикон процессты тыххæй» – банысан кодта Мака Бочъоришвили.
Информаци хуъсын кæн Гуырдзыстоны парламенты пресс-куыст.