Парламентон фылдæртæ  сæхи уромынц оппозицийы минæвæрттæн  депутатон мандаттæ аивыныл
Парламентон фылдæртæ сæхи уромынц оппозицийы минæвæрттæн депутатон мандаттæ аивыныл

Парламентон фылдæртæ  оппозицийы минæвæрттæн   мандаттæ аивынæй  сæхи уромынц.

Уый фæдыл   парти «Гуырдзиаг Бæллиццы»  централон офисы  парламентон фылдæрты  рабадты фæстæ  партийы   сæрдар  Ираклий Къобахидзе  райхъусын кодта.

Гуырдзыстоны дæсæм æрсидты Парламент абоны пленарон  рабадтыл  фыццаджы дæр   æркæсдзæнис  парламентон оппозицимæ бацæуæг  51  депутаты  куырдиат,  уыдонæн депутатон  æххæстбартæ  аскуынынмæ гæсгæ.

51 оппозиционеры тыххæй процедурон фарстæты  комитет ивгъуыд къуырийы  фæуынаффæ кодта æмæ нысанæмрастыл банымадта, цæмæй  сын депутатон æххæстбартæ  урæд æрцæуой.  Комитеты хатдзæг бавдыст уыдзæн  бюромæ.  Регламентмæ гæсгæйæ,   депутатон æххæстбарты  аскъуынын хъæуы  пленарон рабадтыл  50 депутаты   разыдзинад.

54 оппозиционер депутат парламентмæ  бавдыстой  куырдиат  сæ депутатон  æххæстбартæ  аскуыныны тыххæй.  Уый æфсонæн та æрхастой  парламентон æвзæрстыты  фальсификаци æмæ  дæсæм æрсидты парламентæн  расидтысты  бойкот.