Æнæнизхъахъхъæды комитет - тамако дымыны уагæвæрд састы цауты фылдæр фиксир кæнынц хицауадон секторы æмæ медицинон уагдæтты
Æнæнизхъахъхъæды комитет - тамако дымыны уагæвæрд састы цауты фылдæр фиксир кæнынц хицауадон секторы æмæ медицинон уагдæтты

Тамако дымыны фæдыл  уаг  сæттыны цауты фылдæр   фиксир кæнынц хицауадон  секторы – уый фæдыл  банысангонд у парламенты  æнæнизхъахъхъæды  комитеты  бакуыст  уагæвæрды  проекты, кæцы  бюромæ  абон бавдыст уыдзæн.

Уагæвæрды  проекты мидæг дзырдæуы «Тамакойы контролы фæдыл» закъон æххæсткæнынады уавæрыл.

Документы мидæг дзырдæуы, цæмæй  тамако дымыны   уагæвæрд састы  цауты  фылдæр  фиксир кæнынц  хицауадон секторæй  дарддæр,  медицинон   уагдæтты дæр.

«Ацы  уагдæтты  фæнысангонд тыххæй  æнæмæнгхъæугæ у  мониторинг фæактивон кæнын», – дзырдæуы  проекты.