Цæугæ сессион къуырийы 17 ноябры парламент «министры сахаты» форматы юстицийы министр Рати Брегадземæ хъусдзæн. Уый фæдыл райхъусын кодта парламенты сæрдар Шалва Папуашвили бюройы рабадты рæстæджы.
Парламент цæугæ сессион къуырийы 2024 азы паддзахадон бюджеты бакуыст вариантыл фæуынаффæ кæндзæн. Афтæма фæтагъдгонд уагæй æркæсдзæн «Уацхæссынады фæдыл» Гуырдзыстоны закъонмæ бахæссинаг бараст.
Бюройы рабадтыл ног закъондæттæн инициативæтæ æркастысты æмæ æнæмæнгхъæугæ æмæ акæнæг комитеттæ сбæрæг кодтой.
Бюройы уынаффæйæ, парламентон опозицийы бакуыст резолюцийы проект Уæрæсейы Федерацийы оккупацион режимы æрдгæй оккупацигонд регионты адæймæгты барты гуырымыхъхъ халындзинады æмæ сыл эффективон реагир кæныны фæдыл» адæймаджы барты хъахъхъæды æмæ æмбæстагон интеграцийы комитетмæ уыдзæн лæвæрд æркæсынмæ.
Бюро организаион фарстатæ дæр æркастис.