Рати Брегадзе -  Саакашвили йæ фыдракæндыл басæттыны бæсты,   7 ноябры, медиамæ æбуалгъ бырст сраст кæнын архайы
Рати Брегадзе - Саакашвили йæ фыдракæндыл басæттыны бæсты, 7 ноябры, медиамæ æбуалгъ бырст сраст кæнын архайы

Гуырдзыстоны юстицийы министр Рати Брегадзейы  фидиуæнæ, Михеил Саакашвилийы фидиуæнтæ уый æвдисынц, ома нæ бамбæрста, цы фыдракæнд сыххæст кодта æмæ ноджы 2007 азы  7 ноябры фæзындты  сраст  кæнын архайы.

Фæнысангонд комментарийæ Рати Брегадзе  сдзуапп кодта журналисты фарстæн, «куыд аргъ скæнид тæрхонон процессыл  Михеил Саакашвилийы фидиуæнæн, ома 7 ноябры фæзындтæ  уыдысты Патаркацишвилийы аххос».

«Ацы адæймаг нæ бамбæрста, цавæр фыдракæнд сыххæст кодта.  Уый йеддæмæ ма  нæдæр фæсмон кæны æмæ  ноджы иу хатт  архайы сраст кæна   медиамæ бырст.  Дæнцæн  «телекомпани «Имедийы» тыххæй куы зæгъæм,  7 ноябр медиамæ æбуалгъ  бырстæй дарддæр ницы уыд. Кæд ма искæцы адæймаг архайы  уый сраст кæнын, уæд йæм ницы иумæйаг ис  демократийы нырыккон æмбарынадимæ», –  райхъусын кодта Рати Брегадзе.

Уыимæ, Рати Брегадзейы дзырдæй,  зæгъгæ адæймаг уымæн ныххатыр кæнын куы куры, уæд хъуамæ æмбарид  цы фыдракæнд сыххæст кодта, уый.

Рати Брегадзейы  фидиуæнæй, зæгъгæ Михеил Саакашвили йæхи фæндæй  загъта нæй  Гуырдзыстоны æмбæстагадыл  æмæ гуырдзиаг  политикæйы  хайад райсыны барадон мæъцистæ йæм нæй.

«Алчи дзæбæх хъуамæ хъуыды кæнид, цæмæй ацы адæймаг  йæхи барæй загъта нæй Гуырдзыстоны æмбæстагадыл. Абон та ацы адæймаг нæу Гуырдзыстоны æмбæстаг æмæ гуырдзиаг  политикæйы хайад райсыны ницы барадон  мæцъис йæм ис. Уый нæу ацы партийы политикон уæнгдæр. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, ноджы  иу  хатт бæлвырд кæны мах иудадзыг цы дзырдтам, ома «Националон Змæлд» у  æнæформалон дæлбар уæвæг  политикон  иугонг, уый нымæцы фæсарæйнаг паддзахады æмбæстагы хицаудзинады лæбар, кæцы мæ  хъуыдымæ гæсгæ, ирд цæвиттон у, цахæм ма  хъуамæ уа политикон  парти», –  райхъусын кодта Рати Брегадзе.

Михеил Саакашвилийы пенитенцион  уагдонмæ аргъæвыны  фарстайы тыххæй та Рати Брегадзе дзуры, цæмæй куыдддæр йæм уыдзæн  дохтырты рекомендаци, афтæмæй Саакашвилийы аргъæвдзысты  пенитенцион  уагдонмæ.

«Махмæ ахæстты нæ хицæн кæнæм  уыцы  нысанæй ома  цавæр уыдзæн  сæ политикон активондзинад. Уый нырдæр  политиконæй активон у  æмæ   уæвы  клиникæ «Вивамедийы».  Дохтырты хадзæг куы  уыдзæн  уæд æй аргъæвдзыстæм  пенитенцион   уагдонмæ.  Цы бастдзинад ис  политикæ æмæ  клиникæйæн? Уый ныр  уæгъдибар нæу, уый у  ахæст, кæцыйæн  уагъд цæуы   хоскæныны къурс  æмæ куыд  фæуыдзæн  хоскæныны къурс, уæд хъуамæ æрыздæха  пенитенцион уагдонмæ», – райхъусын кодта  Рати Брегадзе.