Папуашвили Шалва – Уæрæсеимæ ахастытæ сног кæнынæн ис æрмæст иу барьер, Гуырдзыстоны территориты Уæрæсейы æрдыгæй оккупаци, Уæрæсейæн йæ бон у ацы барьер æнцонæй аиуварс кæнын
Папуашвили Шалва – Уæрæсеимæ ахастытæ сног кæнынæн ис æрмæст иу барьер, Гуырдзыстоны территориты Уæрæсейы æрдыгæй оккупаци, Уæрæсейæн йæ бон у ацы барьер æнцонæй аиуварс кæнын

Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн ахастытæ сног кæнынæн æрмæст иу барьер ис æмæ уый у Гуырдзыстоны территориты Уæрæсейы æрдыгæй оккупаци. Уæрæсейæн йæ бон у иттæг æнцонæй аиуварс кæна ацы барьер – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Папуашвили Шалва расидтис.

Папуашвилимæ Уæрæсейы æттаг хъуыдтæгты министры хæдивæг Михаил Галузины расидæны фæдыл лæвæрд æрцыд фарст, цæмæй Уæрæсе цæттæ у Гуырдзыстонимæ дипломатон ахастытæ сног кæна.

Папуашвили куыд банысан кодта, афтæмæй ацы барьер аиуварс кæныны фæрæз Уæрæсейы къухты ис.

«Куыддæр фендзыстæм барьер аиуварс кæныны къахдзæфтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, гæнæн уыдзæн ахастытæ сног кæнын. Алчи дæр иттæг хорз зоны, цавæр барьер у, кæцы хъыгдары Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн ахастытæ сног кæнын. Ацы барьер аиуварс кæныны инструмент ис Уæрæсейы къухты. Уый тыххæй дæр æнхъæлмæ кæсæм растдæр уымæ. Æндæр фарстаты фæдыл мæ бон ницы у зæгъын, Гуырдзыстоны оккупацийы фарста у æрмæстдæр уый. у иунæг барьер Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн æмахастыты нормализацийы фæндагыл, ацы барьеры аиуварс кæнын Уæрæсейæн йæхи бар у» – расидтис Папуашвили.