Папуашвили Шалва – 9 май у æмæ уыдзæн стыр уæлахизы бон, кæцымæ Гуырдзыстон аккаг хайбавæрд бахаста. Уыцы хайбавæрд, нывонд æмæ хъайтардзинад нæ ферох уыдзысты æмæ истори ногæй фыст не æрцæудзæн
80 азы размæ мах тох кодтам нацизмимæ Керчы æмæ Берлины, Марухийы æфцæгыл æмæ Къодоры комы, нацизм, кæцыйы хъуыды уыд æнæхъæн адæмты скуынæг кæнын. Ацы хæст куы нæ уаид, уæд нæ нацийы истори æнæхатырæй ныссæрфтаиккой нацизмы зæйтæ. Растдæр уымæн уыд ацы хæст нæ Фыдыбæстæйон хæст – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Папуашвили Шалва социалон хызагы фыссы.
«9-æм майы Гуырдзыстоны нысан кæнæм Уæлахизы бон, 1945 азы фашистон Германийыл фæуæлахизы мысæнæй».
Гуырдзыстонæй ацы уæлахизы агъоммæ хæсты быдыры фæмард 300 000 адæймаджы, æмæ уый махæн сси сеппæтæй стырдæр зиан, цæрæг адæмы нымæцмæ гæсгæ.
Уый у, мах æмæ нæ фыдæлтæ дунейы стырдæр фыдбылызы ныхмæ тохы цы аргъ бафыстам, уый.
Гуырдзыстоны ахæм бинонтæ нæ разындзæн, æмæ фашизмы ныхмæ хæсты йæ фыд, йæ фыдыфыд, йæ фыдыфыд кæмæн нæ архайдтой. Абон дæр ма сæрæгас сты хæсты ветерантæ.
«Фæстаг 80 азы дæргъы 9-æм майы бæрæгбон ссис нæ æнæфæхицæнгæнгæ традици, кæцы абоны хæлд дунейы у удæгас зæрдылдарæн, чи уыдыстæм знон, кæм лæууыдыстæм, цæуыл тох кодтам æмæ чи стæм абон», – фыссы уый.
Папуашвили хъуыды кæны, цæмæй абон Гуырдзыстоны цæугæ быцæудзинад, 8-æм май Уæлахизы бон уа æви 9-æм май, ивгъуыд рæстæджы ногæй ныффыссыны фæлварæн у.
“9-æм май у æмæ уыдзæн уыцы стыр уæлахизы бон, кæцымæ Гуырдзыстон бахаста йæ аккаг хайбавæрд. Ацы хайбавæрд, ацы нывонд, æмæ ацы хъæбатырдзинад нæ ферох уыдзæн æмæ истори ногæй нæ фыст æрцæудзæн”.
Мах гуырдзиæгтæ стæм фаг кары, фаг фæлтæрд æмæ фаг зондджын, цæмæй нæ ивгъуыдæй искæмæн дæр бар уа, цæмæй нæ фæхудинаг кæна. Нæ истори æххæст у. Цыфæнды æнамонддзинадæн дæр бавзæрстам нæ фыдæлтæ уæзданæй. Мах стæм сæ байзæддæгтæ. Мах иууылдæр тох кодтам æрмæст Гуырдзыстоны сæраппонд æмæ дарддæр дæр афтæ кæндзыстæм.
80 азы размæ мах фæуæлахиз стæм, фæдисонтæ фæуæлахиз сты æмæ Гуырдзыстон семæ фæуæлахиз.
Арфæ уын кæнæм 9-æм майы, нæ Уæлахизы боны цытæн! », – фыссы Папуашвили Шалва.