Гуырдзыстоны парламенты сæрдар, Папуашвили Шалва Туркы республикæмæ, горæт Стамбулмæ визитæй ацыд.
Гуырдзыстоны парламенты информацимæ гæсгæ, Папуашвили Шалва Æхсæнпарламентон цæдисы (ÆПУ) 152-æм ассамблейы хайад райсдзæн, цы ран раныхас хъуамæ сараза. Папуашвили Шалва Стамбулы бæрзонд æмвæзады фембæлдтæ дæр сараздзæн.
Парламенты сæрдар, Папуашвили Шалвайы сæргълæудæй, делегацийы сконды сты: æттаг ахастыты комитеты сæрдар Николоз Самхарадзе æмæ алфæмблайы хъахъæды æмæ æрдзон ресурсты комитеты сæрдар Битадзе Майя.