Папуашвили Шалва Китайы политбюройы иудадзыгон комитеты уæнгимæ фембæлд
Папуашвили Шалва Китайы политбюройы иудадзыгон комитеты уæнгимæ фембæлд

Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили фембæлд Китайы Коммунистон партийы политбюройы иудадзыгон комитеты уæнг, Китайы адæмон политикон консультативон конференцийы сæрдар Ван Хунинимæ.

Фембæлдыл банысан кодтой, фæстаг азты дæргъы Гуырдзыстон-Китай æмахастыты нысаниуæгджын прогресс баххæсыд.

Акцентгонд æрцыд Гуырдзыстоны премьер-министры визит Китаймæ 2023-æм азы, кæцыйы фæлгæтты арæзт æрцыд иумæйаг расидæн стратегион партнерады сарæзты фæдыл.

Шалва Папуашвили расидтис, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Китай иумæ хæсджын сты националон суверенитет, сабырад æмæ æдасдзинад хъахъхъæныны фæдыл, афтæ дæр фидарæй æххуыс кæнынц æхсæнадæмон барады принциптæн, æхсæнадæмон уагæвæрды фидар кæнынæн, æхсæнадæмон ахастыты æмхуызондзинад æмæ кæрæдзийæн кад кæнынæн.

Китайаг фарс Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн фидар фарсылхæцындзинад ноджы иу хатт сбæлвырд кодта.

Фарсытæ равдыстой сæ цæттæдзинад дыууæ бæстæйы æхсæн ахастытæ фæарфдæр кæнынмæ. Банысан ис, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Китайы æхсæн æмкуыстдзинадæн ис стыр потенциал алы фадыджы.

Фылдæр хъусдард здæхт уыд парламентон бастдзинæдты рæзтмæ, афтæ ма базарад æмæ экономикæйы, туризмы, ахуырады, инновациты æмæ культурæйы фадгуыты æмгуыстадмæ.

Шалва Папуашвилийы ныхасмæ гæсгæ, сæрибар базарад нысаниуæгджын фактор у, кæцы ахъаз кæны æмгуыстады фæарфдæрæн.

Фæрстæ бахахх кодтой абоны змæст дунейы бастдзинады, транспорты æмæ логистикæйы æмгуыстады ахсджиагдзинад. Банысангонд æрцыд Гуырдзыстоны хайадист Китайы «Бæндæн æмæ фæндаджы» инициативæйы, афтæ дæр астæуккаг къæлидоры потенциалæй хуыздæр спайда кæныны æнæмæнгхъæуындзинад.