ПÆК- Дваны цур оккупацигонд территорийыл Уæрæсейы оккупацион тыхты æнæзакононæй ахст Гуырдзыстоны дыууæ æмбæстаг нырид сæрибар сты
Уæрæсейы оккупацион тыхтæ 30 апрелы Карелы муниципалитеты хъæу Дваны цур оккупацигонд территорийыл æнæзакъононæй куы æрцахстой Чито Ахалкацийы æмæ Гоча Мамагулашвилийы, уыдон нырид сæрибар сты æмæ централон хицауады контролгонд территорийыл сты – уый фæдыл информаци паддзахадон æдасдзинады куыст хуъсын кæны.
«Ахалкацийы æмæ Мамагулашвилийы æнæаргъæвгæйæ ссæрибар кæныны нысанæн, активонæй архайдтам куыд «тæвд хаххы» механизмæй афтæ централон хицауадмæ уæвæг алы æндæр инструментæй. Оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты æмæ оккупацион хаххы дæргъмæ сæххæст алы деструктивон архайдыл, бæрн æвæрд цæуы оккупацион тыхыл.
Централон хицауад, æхсæнадæмон партнертимæ иумæ, дарддæр кæны активон кусын, оккупацигонд территоритыл æнæзакъонон ахсты уæвæг Гуырдзыстоны алы æмбæстагы ссæрибар кæнынæн» – банысангонд у ПÆК-ы информацийы.