Паддзахадон департаменты минæвар – ис нæм æндæр æмæ æндæр мæцъистæ, цæмæй дзуапп æрдомæм уыдонæй, чидæриддæр бæрнон у адæймаджы барты халыны Дунейы
Америкæйы Иугонд Штатты падзахадон нымæрдары пресс-спикер хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ Гуырдзыстоны алы политикон актор хъуамæ бафауæт тыхмидзинад, 5-6 июлы æрцæугæ факттыл та фæдагуырд ауадзын хъæуы æмæ зылынджынты, закъоны æххæст карздзинадæй дзуаппмæ раттын.
«Фыццаджы дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, стыр зæрдæхъыг æвдисæм æмæ тæфæрфæс кæнæм Лексо Лашкаравайы бинонтæн, уымæн уарзон адæймæгтæн æмæ йæ коллегæтæн. Лæмбынæг нæ цæст дарттам фæзындтæм йæ мæлæты фæдыл. Курæг уæ стæм, сабырдзинад бахъахъхъæнын æмæ уыцы тыхмидзинад кæрон скæнын, кæцыйы амæттаг трагиконæй ссис иу адæймаджы, ацы цауы уæ коллегæйы цард. Алы гуырдзиаг журналисты æдасдзинад æмæ Гуырдзыстоны демократийы æууæнкджындзинад домынц, цæмæй алы уæнг, кæцы 5-6 июлы лæбурдта сабыр демонстранттæм æмæ журналисттæм, афтæдæр уыдон, чидæриддæр тыхмидзинад сцырын кодтой, рабæрæг уæд, æрцæуæд ахст æмæ тæрхонмæ лæвæрд уæд закъоны æххæст карздзинадмæ гæсгæйæ.
Гуырдзыстоны лидертæм æмæ барадхъахъхъанæг уагдонæн бакой кæндзыстæм сæ бæрны фæдыл, цæмæй хъахъхъæнæт алкæй конституцион бартæ. Бакой сын кæндзыстæм сæ бæрн, цæмæй хъахъхъæнæт журналистты æмæ медийы сæрибардзинад. Курæг стæм гуырдзиæгтæй иууылдæр, уый нымæцы хицауадæй, æргомæй бафауæт ахæм тыхмидзинад, кæцыйæн нæй бынат демократийы. Сæрыстырæй дарддæр кæнæм æнæхъæн дунейы лгбт дзыллæйы тыхмидзинадæй, криминализацийæ, дискриминаци æмæ стигмæйæ иргъæвын. Архайæм стынг кæнæм лгбт змæлдтæ æмæ адæймæгты, категорионæй йæ ныхмæ стæм тыхмидзинадæн лгбт кордты ныхмæ æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ацы цауы дæр фауæм æбуалгъ тыхмидзинад уæ раздæры коллегæйы ныхмæ, кæцы фæмард», – райхъусын кодта Нед Прайс.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ ис сæм æндæр æмæ æндæр мæцъистæ, цæмæй дзуаппмæ раттой уыдоны, чидæриддæр бæрнон у адæймаджы барты халыны Дунейы, æмæ ахæм мæцъистæй сæ иу у санкцитæ, кæцыты кой рагафон нæ кæнынц.
«Премьер-министр æмæ йæ фидæны тыххæй куы зæгъæм, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, уый у гуырдзиаг адæмы аскуыддзаг кæнинаг. Ис нæм æндæр æмæ æндæр мæцъистæ, цæмæй дзуаппмæ раттæм уыдоны, чидæриддæр бæрнон у адæймаджы барты халыны Дунейы. Куыд æй зонут, афтæмæй, санкциты кой, рагафон нæ кæнæм, цалынмæ сæ не рбайсдзыстæм уæдмæ, фæлæ ситуацимæ лæмбынæг нæ цæст дарæм. Фæнды нæ фенæм, цæмæй алчи, чидæриддæр ацы фыдракæндтæ кодта, дзуаппмæ лæвæрд уыдысты. Гуырдзыстоны алы политикон акторы тыххæй куы зæгъæм, уæд та сæ курæг стæм, ацы тыхмидзинад бафауын. Гуырдзыстоны хицауадмæ та нæ сидт рафæлхатт кæндзыстæм, лæмбынæг фæд равзарæт ацы хъуыддагыл æмæ фæстиуæгæн та ацы æбуалгъ фыдракæнд чи ракодта, уыцы гоймæгтæ тæрхондонмæ лæвæрд уæд», – райхъусын кодта Нед Прайс.