Нед Прайс – гуырдзыаг адæм, Гуырдзыстоны хицауад æхсæнадæмон  æмгарады фарсмæ лæууы,  æнгом контакт нын ис Гуырдзыстоны нæ коллегæтимæ цæугæ  ситуацийы фæдыл
Нед Прайс – гуырдзыаг адæм, Гуырдзыстоны хицауад æхсæнадæмон æмгарады фарсмæ лæууы, æнгом контакт нын ис Гуырдзыстоны нæ коллегæтимæ цæугæ ситуацийы фæдыл

Гуырдзыйаг  адæм, Гуырдзыстоны  хицауад  æхсæнадæмон  æмгарады фарсмæ лæууы, –  уый фæдыл  АИШ-ы паддзахадон департаменты минæвар Нед Прайс  райхъусын кодта.

Журналист  АИШ-ы паддзахадон департаменты  минæвары  фарста  Украинайы хъахъхъæнынады министрады  рагысгарæг куысты  фидиуæны тыххæй, кæцымæ гæсгæ дæр, «Æхсæнадæмон санкцитæ сфидар кæныны тыххæй, Уæрæсейы Федераци  цух у  æфсæддон, дывæр нысаниуæгы  æмæ   æмбæстагон  базайрагæй  ифтонгады  фадатæй.  Санкцитæй хиаиуварс кæныны нысанæн,  уырыссаг агенттæ  æвзæрын кæнынц  контрабандон каналтæ, кæцытæ сты  Гуырдзыстоны территорийы уылты. Уымæ гæсгæ гуырдзыйаг спец-куыстытæм лæвæрд уыд барамындтæ  политикон  къухдариуæгадæй,  ма райстаиккой  хайад контрабандистты  куысты».

Фарстыл ис æви нæ АИШ-æ  исты информаци Украинайы  рагысгарæг куыстæн  баххуыс кæнынæн æмæ цы фæстиуджытæ  уыдзæн уыцы бæстæтæн, кæцытæ бацархайдзысты  баххуыс кæнын Уæрæсейæн  кæнæ Белорусæн  санкцитæй хи аиуварс кæнын, Нед Прайс  райхъусын кодта, цæмæй  АИШ-ы  хицауады  минæвæрттæн  æнгом  контакт ис Гуырдзыстоны  сæ коллегæтимæ.

«Æз нæ дæн уыцы позицийы, цæмæй лæмбынæг  фæныхас кæнон  цы аххосæгтæ  айзæлын кодтат  уыдоныл.  Мах фæныхас кодтам   ацы темæйыл  ивгъуыд къуырийы, фæлæ гуырдзыйаг адæм абаргæйæ   дзæбæх  хъуыды кæнынц, цы нысан кæны  уырыссаг агресси, уый нымæцы  Уæрæсейы архæйдтытæ, ратона кæна  суверенон  территоритæ.  Федтам, цæмæй  гуырдзыйаг адæм, гуырдызстоны хицауад  æхсæнадæмон æмгарады фарсмæ лæууынц, уый нымæцы  нысаниуæгджын хъæлæкæнынады рæстæджы ИНО-ы, Уæрæсе Украинайы  цы  аразы  уый ныхмæ. Æнгом  контакт нын ис  Гуырдзыстоны нæ  коллегæтимæ  цæугæ  ситуацийы тыххæй æмæ  адарддæр кæндзыстæм æнгом  контактыл  уæвын», – райхъсын кодта  Нед Прайс.

Санкциты иувæрсты  æрзылды   хъуыддаджы  æххуысы  цауы гæнæн  фæстиуджыты  тыххæй  Нед Прайс банысан кодта, цæмæй  конкретон бæстæйыл  ныхасæй  цух, АИШ райхъусын кодта, цæмæй  уыцы  бæстæтæ,  кæцытæ бацархайдзысты   АИШ-ы æмæ йæ  партнерты  æрбайст  санкциты  иувæрсты æрзилын, кæнæ  уыцы бæстæтæ кæцытæ  исты  амæлттæй  бацархайдзысты  баххуыс кæнын Кремлæн хæстон архæйдтытæ финансонæй уæнæ  хæцæнгарзæй ифтонгадæй, æрлæудзысты  серьозон фæстиуджыты раз.