Паддзахадон  департамент Украинайы АИШ-ы  минæварады кусджыты бинонты  уæнгтæн дæтты барамынд Украинайæ  рацыды фæдыл
Паддзахадон департамент Украинайы АИШ-ы минæварады кусджыты бинонты уæнгтæн дæтты барамынд Украинайæ рацыды фæдыл

Регионы  рæзгæ  тасы  тыххæй,  АИШ-ы  паддзахадон департамент  Украинайы АИШ-ы минæварады  кусджыты бинонты уæнгтæн радта  барамынд бæстæ  ныууадзыны  фæдыл.   Информаци хъусын кæны  «ВВС».

АИШ-ы  паддзахадон департамент афтæдæр ратта  бар Украинæйæ рацæуыны  фæдыл минæварады  кусджыты  хайæн  æмæ æрсидтис Украинайы  уæвæг   АИШ-ы  æмбæстæгтæм, ахъуыды кæной  бæстæйæ  ацæуыныл.

Фидиуæны  куыд дзырдæуы  афтæмæй,   ис  информаци  уый фæдыл, ома Уæрæсе  Украинайы  ныхмæ  нысаниуæгджын æфсæддон  архæйдтæ  план кæны.   Паддзахадон департамент афтæдæр   фæдзæхсы  æмбæстæгты, цæмæй  ма  абалц кæной  Украина æмæ Уæрæсемæ,   уæвæг  ныттынггонд уавæры æмæ  АИШ-ы  æмбæстæгты  ныхмæ   тасы  потенциалы тыххæй.

Паддзахадон  департаменты официалон  минæвар медийæн  фехъусын кодта, цæмæй   минæварад гом у, фæлæ  Урс  Хæдзарæй ис фæлхатгæ рагфæдзæхсттæ, ома  лæбурд гæнæн ис æрцæуа  «кæцыфæнды рæстæджы».