Паддзахадон департамент – Гуырдзыстоны хицауад æххæст кæны уыцы стандарттæ, кæцытæ æнæмæнгхъæугæ сты адæймæгты базарад скуынæг кæнынæн; Хицауады æнæфæцудгæ тыхархайдæй, Гуырдзыстон «Фыццаг къæпхæны» баззад
Паддзахадон департамент – Гуырдзыстоны хицауад æххæст кæны уыцы стандарттæ, кæцытæ æнæмæнгхъæугæ сты адæймæгты базарад скуынæг кæнынæн; Хицауады æнæфæцудгæ тыхархайдæй, Гуырдзыстон «Фыццаг къæпхæны» баззад

АИШ-ы паддзахадон департамент адæймæгты базарады фæдыл хыгъдлæвæрд рапарахат кодта, кæцыйы сконды ис Гуырдзыстон дæр.

Хыгъдлæвæрды куыд банысангонд у афтæмæй, Гуырдзыстоны хицауад æххæстæй æххæст кæны уыцы минималон стандарттæ, кæцытæ æнæмæнгхъæугæ сты адæймæгты базарад скуынæг кæнынæн. Хыгъдлæвæрды рæстæджы хицауады равдыст серьезон æмæ æнæфæцудгæ тыхархайдтыты фæрцы, Гуырдзыстон баззад «1-аг къæпхæны» (Tier 1) .

«Уыцы тыхархайдтытæм хаудысты фылдæр адæймæгты базаргæнджыты фæдагуырд æмæ тæрхон кæнын, фылдæр зианбаййафджыты рабæрæг кæнын æмæ адæмы базарады ныхмæ æмбæхсæн бынæттæн финанскæнынад фæфылдæр кæнын.Цалдæр азы мидæг фыццаг хатт тæрхондæттæ зианбаййафджытæн снысан кодтой компенсаци.Генералон прокуратурæ рауагъта директивæ, кæцыйы фæрцы æнæмæнгхъæугæ у снысан кæнын зианбаййафæг-æвдисæнты координатортæ адæймæгты базарады хъуыддæгты. Кæд хицауад æххæст кодта минималон стандарттæ, уæддæр раиртæста къаддæр адæмы базарады цаутæ, æмæ æмткæй райсгæйæ, сексуалон базарады цаутæ сбæрæг кæнын æмæ сæ фæдагуырд кæныны тыхархайдтытæ фаг нæ уыдысты.Барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ домдтой, цæмæй амæттæгтæ баззайой бæстæйы, цалынмæ сæ тæрхон нæ фæцис, уæдмæ, гæнæн ис, æмæ æнæфæразгæ кæна фæсарæйнаг амæттæгты æмгуыстад, кæцытæ агуырдтой сæ бæстæмæ æрыздæхын, æмæ тæрхонгæнæг никуы бардзырдта уголовон хъуыддæгты реституци. Хицауады тыхархайд «Зианбаййафæгты рабæрæг æмæ æрвыст, кæцытæ нæ фæндыд барадхъахъхъæнæг органтимæ æмгуыстад кæнын, баззадысты минималон. Хицауады æмбæстагон æхсæнадимæ системон æмгуыстад кæй нæ уыд, уый къуылымпы кодта адæмы базарады ныхмæ архайдтытæ», — дзырдæуы хыгъдлæвæрды.

. Документы афтæдæр ис фыст, цæмæй базаргæнджытæ гуырдзиаг сылгоймæгтæ æмæ чызджыты эксплуатаци кæнынц бæстæйы мидæг, сæрмагондæй Аджарайы, æмæ фæсарæнты, Кипры, Египеты, Турчы æмæ Иугонд Арабаг Эмиратты сексуалон базарады нысанæй. Ацы адæймæгты æлвасынц фæсарæнты стыр мыздджын куыстытæй.

«Гуырдзыстон афтæдæр у транзитон бæстæ Хъыргъызстанæй, Таджикистанæй æмæ Узбекистанæй сылгоймæгтæн.Трафикертæ фылдæрæй фылдæр пайда кæнынц онлайн фæрæзтæй, цæмæй æрбакæной æмæ эксплуатаци кæной сексуалон базарады амæттæгты», -ис фыст хыгъдлæвæрды.

Документы банысангонд у, цæмæй хыгъдлæвæрды периоды, Гуырдзыстоны Уæрæсейы æрдыгæй оккупацигонд регионтæ баззадысты Гуырдзыстоны хицауады контролæй æддæ, æмæ ацы регионты афтæ хуынæг хицауадæн уырыссаг æфсæдтæ æххуыс кодтой.

«Уæрæсейаг æмæ абхазаг бæрнон кусджытæ арæнæвæрдтой æхсæнадæмон организациты гæнæнтæ архайын Абхазы, кæд æмæ уым Хуссар Ирыстонимæ абаргæйæ, æхсæнадæмон организацитæ фылдæр гæнæн уыд архайын.Уый фæстиуæгæн нæ уыд информаци трафикингы уæвынады тыххæй кæнæ абхазаг æмæ хуссарирыстойнаг бæрнон кусджытæ трафикингы ныхмæ тохы тыхархайдтыты тыххæй.

Фæлæ æнæхицауадон организацитæ хъуыды кæнынц, Гуырдзыстоны контролгонд территорийыл Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонæй æрцæуæггæгтæ уæлдай æнæхъахъхъæд кæй сты трефикингæй.

Цæстдарджытæ сидынц, цæмæй адæмы базаргæнджытæ гæнæн ис æмæ мигрантты тыхæй кусын кæной Абхазы. Цæгат Кореяйы æмбæстæгтæ, кæцытæ Абхазы кусынц, гæнæн ис æмæ кусой эксплуатацигæнæг куысты уавæрты æмæ æвдисынц тыхæй куысты бирæнымæц бæрæггæнæнтæ», – дзырдæуы хыгъдлæвæрды.