Мэтью Миллер – Паддзахадон департамент Гуырдзыстоны барадхъахъхъæнæг, æдасдзинады æмæ муниципалон бæрнон кусджытæн визæйы арæнæвæрдтæ æрæвæрынæн аразы дарддæры къахдзæфтæ
Мэтью Миллер – Паддзахадон департамент Гуырдзыстоны барадхъахъхъæнæг, æдасдзинады æмæ муниципалон бæрнон кусджытæн визæйы арæнæвæрдтæ æрæвæрынæн аразы дарддæры къахдзæфтæ

Паддзахадон департамент дарддæры къахдзæфтæ аразы, цæмæй Гуырдзыстоны барадхъахъæнджытæн, æдасдзинады системæйы минæвæрттæн, æмæ муниципалон хицауиуæгады минæвæрттæн визæйы арæнæвæрдтæ снысан кæной, – уый фæдыл АИШ-ы паддзахадон департаменты пресс-спикер Мэтью Миллеры расидæны ис банысангонд, кæцы ныммыхуыр ис АИШ-ы паддзахадон департаменты веб-фарсыл.

Мэтью Миллеры ныхæстæм гæсгæ, санкцитæ æвæрд æрцæудзысты барадхъахъхъæнæг органты кусджыты ныхмæ, кæцытæ хайад истой тыхмийы демонстрантты ныхмæ æмæ муниципалон хицауады бæрнон кусджыты ныхмæ, кæцытæ «сæ бартæй æнæраст пайда кодтой бындурон сæрибардзинæдтæ арæн кæныны тыххæй, уыцы нымæцы хъæлæс кæныны бар æнæ тыхæй кæнæ тæрсын кæнынæй».

Миллер афтæ дæр хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министр Вахтанг Гомелаури æмæ сæрмагонд хæслæвæрдты департаменты хистæры хæдивæг Мирза Кезевадзе «Магнитскийы» глобалон санкциты программæйы фæлгæтты санкцигонд æрцыдысты, уымæн æмæ «Мидхъуыддæгты министрад дзуапп дæтты медийы æвирхъау æмæ тызмæг æфхæрдæн , оппозици æмæ протестгæнджытæ, уыцы нымæцы 2024 азы демонстрациты рæстæджы дæр.” “.

«Абоны акци бындуриуæг кæны ивгъуыд къуыри расидт визæйы акцитыл, рауæрæх кæны АИШ-ы санкцитæ, кæцытæ Гуырдзыстоны бæрнонты ныхмæ сентябры æвæрд æрцыдысты æмæ æххæст кæны абоны Стыр Британийы архайд æмæ фæстаг бонты цалдæр æндæр европæйаг бæстæйы архайдтытæ». АИШ карзæй тæрхон кæны Гуырдзыстоны хицауад Гуырдзыстоны æмбæстæгты ныхмæ æвирхъау æмæ æнæбындурон тыхмидзинад, се æхсæн сабырадон протестгæнджыты, медийы уæнгты, адæймаджы барты хъахъхъæнджыты æмæ опозицийы минæвæртты ныхмæ. Мах лæууæм Гуырдзыстоны адæмы фарсмæ æмæ баззайæм æнæфæцудгæйæ, цæмæй дзуаппмæ æркæнæм уыцы адæймæгты, кæцытæ сты æмбаргæ адæймагы барты хæлдтыты æмæ сæ демокративон фидæны хъыгдарынц», – ис фыст Мэтью Миллеры расидæны.