Ведант Пател -  дырыс айзæлын кодтам нæ  зæрдæхсайд Уæрæсеимæ комкоммæ  тахтыты фарстайыл, лæмбынæг мониторинг кæндзыстæм æмæ бахъуаджы цауы  сараздзыстæм уæлæмхас къахдзæфтæ
Ведант Пател - дырыс айзæлын кодтам нæ зæрдæхсайд Уæрæсеимæ комкоммæ тахтыты фарстайыл, лæмбынæг мониторинг кæндзыстæм æмæ бахъуаджы цауы сараздзыстæм уæлæмхас къахдзæфтæ

Æппæт  ныгуылæйнаг дзыллæ  йæхи дард айста Уæрæсейы Федерацийæ æмæ  нымайæм, цæмæй  ныр   Уæрæсеимæ ахастыты  активизацийы афон нæу –  уый фæдыл АИШ-ы   паддзахадон  департаменты  пресспикеры  хæдивæг, Ведант Пател Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн  комкоммæ  тахтытæ  сног кæныны уынаффæйæн аргълæвæрды рæстæджы  райхъусын кодта.

«Кæд Уæрæсейы  æмæ Гуырдзыстоны æхсæн комкоммæ   тахтытæ  сыххæст уыдзæн, уый у  мæтæфтауæг   æнæрмæст АИШ-æн æмæ   ныгуылæны  æндæр бæстæтæн, фæлæ ма  афтæдæр компанитæн, кæцытæ  гæнæн ис  Гуырдзыстоны  аэропорты кусынц, кæд уыдон  лæккад кæнынц  уæлдæфон  наутæн, кæцытæ импорты æмæ  экспортыл  æмæ афтæдæр æндæр фарстаты сты  баст.  Æппæт  ныгуылæйнаг дзыллæ  йæхи дард айста Уæрæсейы Федерацийæ æмæ  нымайæм, цæмæй  ныр   Уæрæсеимæ ахастыты  активизацийы афон нæу»-  райхъусын кодта Ведант  Пател.

Уыимæ, фарстыл, хъавы æви нæ  АИШ  исты  къахдзæфтæ  саразын, Ведант Пател сдзуапп кодта, цæмæй мониторинг стыхджын кæндзысты æмæ бахъуаджы цауы сараздзысты   къахдзæфтæ, фæлæ  рагафыон исты зæгън йæ  бон нæу.

«Тынг дырыс айзæлын кодтам нæ  зæрдæхсайд  ацы  фарстайы тыххæй.  Тынг  дырыс   фæныхас кодтам   ууыл, цæмæй  афтæдæр сарызтам  къахдзæфтæ, цæмæй фæтобæ кодтаиккам уырыссаг  хæдтæхджыты  нæ уæлдæфон тыгъдадмæ  æрбазызт, бирæ  ныгуылæйнаг бæстæ куыд сарызта афтæ.  Ныр  лæмбынæг нæ хъус дардзыстæм уавæрмæ  æмæ  бахъуаджы цауы  сараздзыстæм уæлæмхас къахдзæфтæ, фæлæ  рагафон ницы  зæгъдзынæн» – бансан кодта Ведант Пател.