Паата Имнадзе – Эпидемиологион уавæр вазыгджын у, кæд нын майы фыццаг æрдæджы инфицирады цауты катастрофон  рæзт нæ уыдзæн, уæд стæй  сæрдыл нормалонæй амлæдзыстæм
Паата Имнадзе – Эпидемиологион уавæр вазыгджын у, кæд нын майы фыццаг æрдæджы инфицирады цауты катастрофон рæзт нæ уыдзæн, уæд стæй сæрдыл нормалонæй амлæдзыстæм

Низты контролы  националон центры  къухдариуæггæнæгы  хæдивæг   Паата Имнадзейы   фидиуæнæй,   Гуырдзыстоны  эпидемиологион уавæр уæззау  у, фæлæ  кæд  майы   фыццаг æрдæджы  вирусы  цауты драмон  рæзт нæ уыдзæн, уæд  йæм ныфс ис  сæрдмæ  уавæр фæхуыздæр уыдзæнис.

Уыимæ иумæ   Имнадзейы   дзырдæй, зæгъгæ бæстæйы коронавирусы ныхмæ   æфтауыны  процесс  дзæбæх темпæй  цæуы  æмæ  ныфсджын у,  цæмй  вакцинацийы процессмæ  фылдæр  æмбæстаг  баиу  уыдзæн.

«Вазыгджын    уавæр нын ис  эпидемиологионæй. Кæд майы  фыццаг æрдæг афтæ арвитдзыстæм, æмæ  нын цауты  катастрофон  рæзт нæ уыдзæн,   уæд стæй  сæрдыл   нормалонæй  амлæдзыстæм.

Стыр ныфс нæ ис, цæмæй  вакцинаци, кæцы  бæстæйы  дзæбæх темпæй  цæуы,    ноджы ауæпæрхдæр уыдзæн,  фылдæр æмбæстаг баиу уыдзæн процессмæ æмæ   ахæм хъыгаг бонтæ нын нал уыдзæнис» – банысан кодта  Паата Имнадзе.