Фæсарæнты вакцинацигонд Гуырдзыстоны, афтæдæр  фæсарæйнаг  æмбæстæгтæн, аппликаци  «Georgia eHealth»-æй  пайда кæныны фадат  уыдзæн
Фæсарæнты вакцинацигонд Гуырдзыстоны, афтæдæр фæсарæйнаг æмбæстæгтæн, аппликаци «Georgia eHealth»-æй пайда кæныны фадат уыдзæн

Фæсарæнты вакцинацигонд  Гуырдзыстоны, афтæдæр  фæсарæйнаг  æмбæстæгтæн, аппликаци  «Georgia eHealth»-æй  пайда кæныны фадат  уыдзæн –  уый фæдыл  дзырдæуы  æнæнизхъахъхъæды министрады ахæлиугонд  фидиуæны.

«2021 азы  фыццаг  декабрæй,  йæ тыхмæ бахызт  а.х. цæъх паспорты системæ, кæцыйы нысан у æхсæнадон тыгъдадты  фылдæр æдас  æмæ минимумы онг  фæкъаддæр уа   инфекцийы  хæлиукæнынады риск.

Уый тыххæй  цæмæй  «цъæх паспортыл»  рæувадатдзинад фенцондæр уыдаит,  арызт уыд   электронон  аппликацитæ  «COVIDPASS.MOH.GOV.GE» æмæ «Georgia e-health».

Фиксир кæнынц цаутæ,  адæймæгтæ  вакцинацигонд куы  сты   Гуырдзыстоны фæсарæнты, æххæстæй, кæнæ фыццаг дозæ сын арызт у Гуырдзыстоны территорийыл, дыккаг/,бустер дозæ  та  Гуырдзыстоны фæсарæнты  кæнæ  иннæрдæм  æмæ  сæ  регистраци не нтысы  иуммунизацийы  модулы.

Вакцинацийы процессы нчысаниуæгмæ гæсгæйæ,   ахæм цауты, æнæниздзинад хъахъхъæнынады  æппæтдунеон организацийы  авторизацигонд вакцинæтæй вакцинацигонд  Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæн, афтæма, фæсарæйнаг æмбæстæгтæн,(кæцытæ  æмбæлон сты  «COVID-19» ныхмæ  вакцинæйæ  пайдагæнæг  уæнгты сбæрæг кæныны фæдыл  N01-353/о   барамындæй бæрæг уæнгтæн)  лæвæрд  æрцыд   вакцинацийы фæдыл информацийы, иммунизацийы  модулы  регистрацийы  бар, кæцы сын ратдзæн фадат  «Georgia eHealth»-ы аппликацийæ  пайдакæнын.

Регистрацийæн, интересджын  уæнгтæ  хъуамæ  баздæхой банысангонд   медицинон уагдæттæм  æмæ   бавдисой  æмбæлгæ бæстæйы вакцинацигæнæг  уагдонæй  лæвæрд  вакцинацийы  бæлвырдгæнæн документтæ, цæй бындурыл дæр  бынатыл сæ ауадздзысты  регистрацийы  æмæ  статус  фæзындзæни  аплликаци  «Georgia eHealth»-ы.

Æнæххæстбар æхсæнад «Академик Николоз Хъипшидзейы номыл централон   университетон клиникæ» – Тбилис, Важа-Пшавелайы  проспект №29; ÆÆ «Exspress Medical Service» –  «Тбилис, денджызы плаза  Хуалинг;  ÆÆ «Вивамед»- Тбилис, Давит Агъмашенебелийы  аллей №234; ÆÆ «Академик Николоз Хъипшидзейы номыл централон   университетон клиникæ» –  «Самегрело-Уæллаг Сванеты  регион,  хъæу Рух№ ÆÆ «г. Батумы  республикон  клиникон рынчындон» – Батум, Тъбел Абусеридзейы у.№2»- хъусын кæнынц  æнæнизхъахъхъæжы  министрады.