Гуырдзыстоны, «Цъæх Паспорты» æркуырды хæс аивдтой
Гуырдзыстоны, «Цъæх Паспорты» æркуырды хæс аивдтой

«Омикроны»  хæлиукæнынады  цырд темпы  æмæ вирусы  рог формæйæ  цыды, афтæма  дунейон практикæмæгæсгæйæ,  «Цъæх паспорты»  æркуырды  хæс  ивд цæуы, –  фæнысангонд уынаффæ,  æхсæнуагдонон координацион  советы  абоны рабадтыл   рахастой, кæцы премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы  къухдариуæгæй, видео-конференцийы форматы ацыд.

Хицауады администрацийы  пресс-куысты  ахæлиугонд информацийы куыд у банысангонд афтæмæй,   советы  рабадтыл банысан ис, цæмæй  хынцгæнæн системæтæ иууылдæр  архайæг уыдзыстæ æмæ уыцы  уæнгтæ, кæцытæм «Цъæх паспорт»  фæсарæнтæм балц кæнынæн  хъæуы,   сæ бон уыдзæн  ацы  механизмæй  спайда кæнын. Уыимæ инфицирады рæзгæ  нымæцмæ нæкæсгæйæ,  уавæр   контролгонд у, госпиталон  секторыл  уæз  нысаниуæгджынæй  нæ райрæзтис, пациентты фылдæр хос кæнынц  хæдзары уæвгæйæ, æмæ сæ  æнæниздзинады  уавæры мониторинг  æххæст кæнынц  бинонты дохтыртæ, кæцыты  нымæц фæстаг бонты  ноджы  фылдæр райрæзтис.

Ацы информацийæ,   советы рабадтыл  ноджы иу  хатт бахахх ис вакцинацийы  нысаниуæг вирусæй  инфицирады  цауы гæнæн  фæкарзæй  хи бахизынæн. Сæрмагондæй нысаниуæгджын у а.х.  рисккъордты  æхсæн вакцинаци стимуляцийы  нысанæн,  бæрæг куыд у афтæмæй,   февралы  дæр даргъ кæны  кампани  æмæ 50 аздзыд карæй  хистæрдæр æмбæстæгтæн, вакцинæйы  фыццаг дозæ саразыны цауы  200 ларийы  ратдзысты, æрмæст а.х. бустер дозæ саразыны  цауы та,  фæнысангонд кары  æмбæстæгтæм лæвæрд уыдзæн 100 ларийы.