Октябры райдайæнæй классты ахуыр, зæгъæн ис, 330-ы бæрц скъолайы сног уыдзæн
Октябры райдайæнæй классты ахуыр Гуырдзыстоны масштабæй 330 онг сколайы сног уыдзæн. Уый фæдыл журналисттæн фехъусын кодта низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзе.
Гамхърелидзейы дзырдæй, зæгъгæ ацы скъолаты тынг ныллæг у инфицирады бæрæггæнæн.
«Активонæй кусæм ахуырады министрадимæ æмæ нырид фехуъсын кодтам, цæмæй октябры райдайæнæй сног уыдзæн ахуыр скъолаты уæвгæйæ, 330-332-ы онг скъолайы. Афтæ бахыгъд кодтой уæлхох хъæуты скъолаты. Ацы скъолаты нырид ахуыр кæнæм эпидемиологион уавæр. Развæлгъау бæрæггæнæнтæ уын зæгъдзынæн, алы уыцы скъолайы уавæр бацахуыр кодтам, цæмæй цал адæймаг сæнæниз ис ковид-инфекцийæ, цал ахуыргæнæг у вакцинацигонд ацы скъолаты. Ацы информацитæ нæм нырид ис æмæ кусæм ахуырады министрадимæ, цæмæй фæстагмæ ахицæн кæнæм, ацы 330-332 скъолайы æнæмæнгæй сног уа ахуыр, уымæн æмæ уым тынг ныллæг у инфицирады бæрæггæнæн.
Иннæты фæдыл дæр афтæ бацахур кæнзыстæм информаци, цæмæй цас æдас сты скъолатæ æмæ университеттæ æмæ абон кæнæ сом ацы концепцийы министрадимæ æмæ æнæнизхъахъхъæды министрадимæ иумæ æркæсдзыстæм»,- райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.