Низты контролы националон центры къхудариуæггæнæджы, Амиран Гамхърелидзейы информацийæ, нысанон тестæй басгæрст ноджы ауæрæхдæр уыдзæн зæгъгæ.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, нырид бакуыст у проект, кæцы йæ хъуыдыйы дары уыцы уæнгты зылд рарæзын кæнын, кæмæндæриддæр сараздзысты «PCR» тестæй басгæрст.
Гамхърелидзейы дзырдæй, зæгъгæ райрæздзæн æрвылбойнонæй арызт тестты нымæц дæр æмæ июлы мæйы уый боны мидæг 4000-4500-мæ ахæццæ уыдзæн.
Гамхърелидзейы æмбарынгæнæнтæм гæсгæйæ, иуы æрдгæй, зæгъгæ цæй зæгъын æй хъæуы экономикæ хъуамæ суæгъд уа, адæм бакусой, фæлæ иннæ рдгæй та, нысаниуæгджын у æнæнизхъахъхъæды секторы дзæбæх цæттæдзинад, афоныл æмæ цырдæй идентификаци скæнын, рæзгæ рискы адæймаджы изоляци скæнын æмæ йын схос кæнын.
«Уый тыххæй басгаринаг адæймæгты, абаргæйæ бæрзонд рискмæ чи хауы уыцы гоймæгты зылд райрæздзæн, афтæдæр бæрзонд рискмæ хаугæ стæм нæхæдæг дæр, чидæриддлæр периодонæй тестæй басгæрст æнæмæнгæй хъуамæ ацæуæм – дохтыртæ, медицинон хотæ, чидæриддæр ковиды клиникæты кусынц, уыдон, афтæдæр иудадзыг сгарæм шофырты.
Сегасдæр нысаниуæгджын у, симптомтæ кæмæ ис ахæм адæймæгтæ нын æнæхъусдард ма баззайæт, стæй медицинон персонал, кæцы ахæлиуы æмæ инфицирады иуæй-иу равзæрæн у» – райхъусын кодта Гамхърелидзе æмæ ма бафтыдта ома, фæрынчынуæвлджыты 13 процент зæгъгæ, медицинон персонал кæй у уый.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, мидæгон туризмы фегомы параллелонæй, тестæй басгæрст ацæудзысты гидтæ, такситы тæрджытæ, ресторанты кусæг персонал.
Афæтма Гамхърелидзейы информацийæ, коронаввирусыл басгарынæн анализ сисын гæнæн уыдзæн фыццагон æнæнизхъахъъæды уагдæтты дæр.