Ныгуылæн Балканты бæстæты лидертæн, евросоветы фысым уыдзæн Федерика Моггерини
Ныгуылæн  Балканты бæстæты лидертæн, евросоветы фысым уыдзæн Федерика Моггерини

Ныгуылæн Балканты бæстæты  лидертæ Брюсселы  æмбырд кæнынц. 18 декабры  партнерты,  европæйаг советы  бæстыхайы,   евроцæдисы иуылбæрзонд  минæвар  æддæ хъуыддæгты  æмæ æдасдзинады фарстыты  еврокамисы  вице-президент  Федерика Моггерини райсдзæн.

Ныгуылæн  Балканты бæстæты  премьер-министрты  æнæформалон  фембæлд  Брюсселы ацы аз æртыккæгæм хатт цæуы  уагъд.

Брюсселы  æркæсдзысты Балканты  цæугæ  фæзындты,  2018 азы  сплан кæныны   æмæ  Евроцæдисмæ интеграцийы  процесс. Евроцæдисы минæвæрттæ дзурынц, цæмæй  2018 аз уникалон   фадат уыдзæн  Ныгуылæн Балканты бæстæтимæ ахастыты  фæарфдæр кæнынæн,  интеграцийы  процесс размæ ахæцынæн.

Брюсселы  уагъд  пресс-конференцийыл еврокамисар Йоханнес Ханн  æмæ  евроцæдисы сæрдар  бæстæйы фæсарæн хъуыддæгты министр  Свен  Миксер  расидысты, цæмæй  Евыроцæдис  интересджын у  Ныгуылæн Балканты бæстæтимæ  ахастыты  фæарфдæр кæнынæй  æмæ сын баххуыс кæндзæн ахæм къахдзæфты саразын,  кæцыты сæ Евроцæдисы  уæнгсуæвынмæ бакæндзысты.  Ныгуылæн Балканты  бæстæты Евроцæдисы уæнгсуæвын   организацийæн  у иуæй-иу нысаниуæгджын фарст.

Еврокамисы Балканты  бæстæты  райсын хъуыды кæнынц  2025 азмæ.  Уый та ахæм цауы,  кæд  æмæ  кандидат бæстæтæ  Евроцæдисимæ уæнгсуæвыны фæдыл  райдайгæ бадзырдтæ  æнтыстджынæй фæуыдзысты  æмæ  организаци дæр ауæрæхы фæдыл  скуыддзагы   райсынмæ  уыдзæн цæттæ.

Еврокамисар Йоханнес Ханн   расидтис цæмæй  Брюсселы  зæгъгæ нырма нæ зонынц, кæцы кандидат  партнер  фæразхæй уыдзæн интеграцийы процессы.

Балканты бæстæты  Европаг  перспективæйы   парламенты ралæуды рæстæджы  фæныхас кодта еврокамисы   президент дæр.  Жан-Кълод Юнкеры  ныхæстæм гæсгæ,   йæ мандаты  рæстæджы,  ауæрæх кæнын  плангонд нæу,  уымæн æмæ  иунæг бæстæ дæр нæу цæттæ.

2018 азы  зæрдæвæрæны  Болгарийы  сæйраг сахары  плангонд  у  конференци,  кæцы Евроцæдисы  Балканты бæстæты  æмгуыстады  æмæ  организацийы  ауæрæх кæныны фарстытæ æркæсдзæн.