Норвегийы фæсарæн хъуыддæгты министр Евроцæдисы Цæстдарæг миссиимæ иумæ, администрацион арæйнон хаххы бæрæгдзау ныццыд
Норвегийы фæсарæн хъуыддæгты министр, Анникен Хюитфельд Гуырдзыстоны Евроцæдисы цæстдарæг миссиимæ иумæ, абон цæст ахаста Хурвеалеты районы, Хуссар Ирыстонимæ администрацион арæйнон хаххы фадгуытыл. Уый фæдыл информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны Евроцæдисы цæстдарæг мисси.
«Нырма чысыл Хурвалеты, стæй та хъæу Стыр Хурвалеты, Евроцæдисы цæстдарæг миссийы цæстдарджытæ фæсарæн хъуыддæгты министр æмæ йæ делегацийæ бавдыстой информаци районы æдасдзинады æрдгæй уавæры фæдыл, хъусдард раздæхтой «бордеризацийы» фарстамæ æмæ конфликтæй зианбавзарæг цæрджыты змæлды сæрибардзинады æмæ адæймаджы æндæр бартыл йæ æппæрццаг æндæвдадмæ.
Дарддæр дискусси баххæссыд уыцы конкретон быцæусидтытæм, кæцыты раз æрвылбойнон царды лæууынц администрацион арæйнон хаххы дæргъмæ цæрджытæ æмæ кæцытæ ноджы фæкарздæр сты, администрацион арæйнон хаххы дæргъмæ уæвæг ахизæн пунктты æрыхгæдæй.
Уый фæдыл, миссийы къухдариуæггæнæг Марек Щигель райхæлдта, цæмæй Хуссар Ирыстонимæ администрацион арæйнон хаххы дæргъмæ уæвæг ахизæн дыууæ пункт, Одзис æмæ Кардзман, ныр гом сты 2022 азы декабры онг, алы мæйы 20-æй 30-æмы онг. Уый уыдис Евроцæдисы цæстдарæг миссийы æмæ OSCE-ы бирæхаттон сидты фæстиуæгæн администрацион арæйнон хаххыл змæлды сæрибардзинад æххæстæй сног кæныны фæдыл» – банысангонд у Евроцæдисы цæстдарæг миссийы информацийы.