Евроцæдисы цæстдарæг  миссийы  къухдариуæггæнæг -  Гуырдзыстоны баззайдзыстæм, цалынмæ хъæудзæн  уæдмæ
Евроцæдисы цæстдарæг миссийы къухдариуæггæнæг - Гуырдзыстоны баззайдзыстæм, цалынмæ хъæудзæн уæдмæ

Евроцæдисы   цæстарæг  мисси 15  азон   куысты  фæстиуджытæ  хатдзæг кæны.  Цæстдарæг   миссийы  къухдариуæггæнæг  Димитриос Карабалис  абон прессконференци ауагъдта.

Цæстадæрг миссийы  къухдариуæггæнæгы дзырдæй,   рæст  15 азы размæ   Гуырдзыстоны  патрулир кæнын   райдыдта   200-й фылдæр цæстдарæг.

«Фæстаг 15 аз у, æхсæв-боны мидæг  афæдзы  365 бон   патрул кæнæм. Нæ нысан у Гуырдзыстоны  стабилондзинады, æдадсзинад æмæ  дæргъвæтин сабырдзинад куыд уа  уыцы уавæрæн аууæлттæ скæнын. Евроцæдис  ис  Гуырдзыстон æмæ   уæрæхææй дæр регионы,  конфликтты   сабырадонæй аскуыддзагы  дæргхвæтин   хæсисты иузæрдыг.  Евроцæдисы  цæстарæг мисси  OSCE-имæ иумæ  дарддæр кæны ахизæн пунктты  æххæстæй куысты  сног кæнынмæ  сидын», – райхъусын кодта Карабалис.

Цæстдарæг миссийы  къухдариуæггæнæгы  фидиуæнæй,   змæлды  фылдæр сæрибардзинад нысаниуæгджынæй  фæхуыздæр кæндзæн   конфликты фæстиуæгæн  зианбавзарæг   цæрджыты æрвылбойнон   цард администрацион арæйнон   хаххыты  дæргъмæ.

«Куы ныхас кæнæм   змæлды  арæнгонд сæрибардзинадыл,  мах афтæдæр хъуамæ  фæныхас кæнæм  цæугæ  а.х. бордеризацийыл.  «Бордеризаци»  æцæгдæр нæу раст термин,   дзурын администрацион  арæйнон  хаххы  фæфидаргæнæн  æмбондтыл, телтæй  æмбондты  æмæ  цæстдарæн  постыты  фæрцы. Администрацион  арæны   дыууæдæр  æрдгæй  цæрæг сылгоймæгтæ, нæлгоймæгтæ,  сывæлттæ  æмæ карджын адæймæгтæ  фæстæмæ  та æнкъарынц  йæ æндæадвд.  Уый сын  куылымпы кæны зæхх æмæ  доны рæувадатдзинад, религион объекттæм бацæуыны  фадат.  Сывæлттæн байсы  сæ æвзæрст ахуыры  фадат.   Уый бирæ  адæймагы æнтыстджын  фидæны бæллиццытæ   мары. Бинонтæ, сыхæгтæ,  хъæутæ дæр дих сты. Ноджы иу хатт мæ фæнды  зæгхын нæ сæйраг æрвитæггаг: 15 азы  дæргъы Евроцæдисы цæстдарæг мисси  сукыддзаггæнæг роль  æххæст кæны стабилондзинад сфидар кæныны æмæ тынгад фæкаддæр кæнынæн Гуырдзыстоны æмæ  уæрæхæй  регионы.  Бынатыл нæ уæвын   фæтаг 15 азы  дæргъы  бæлвырл æвдисы   Евроцæдисы иузæрдыгдзинад   сабырад  æмæ æдасдзинад  сфидар кæнынæн.  Мах бынæттон  дзыллæты  царды æмæ æдасдзинад  фæхуыздæры нæ миссийы иузæрдыг стæм. Мах баззайдзыстæм Гуырдзыстоны цалынмæ бахъæудзæн  уæдмæ», –  райхъусын кодта цæстдарæг миссийы  къухдариæггæнæг.