Норвегийы фæсарæн хъуыддæгты министр Евроцæдисы Цæстдарæг миссиимæ иумæ, администрацион арæйнон хаххы  бæрæгдзау ныццыд
Норвегийы фæсарæн хъуыддæгты министр Евроцæдисы Цæстдарæг миссиимæ иумæ, администрацион арæйнон хаххы бæрæгдзау ныццыд

Норвегийы фæсарæн хъуыддæгты министр, Анникен Хюитфельд  Гуырдзыстоны Евроцæдисы цæстдарæг миссиимæ иумæ, абон цæст ахаста Хурвеалеты  районы,  Хуссар Ирыстонимæ администрацион  арæйнон хаххы  фадгуытыл. Уый фæдыл информаци хъусын кæны  Гуырдзыстоны Евроцæдисы  цæстдарæг  мисси.

«Нырма  чысыл Хурвалеты, стæй та хъæу Стыр Хурвалеты, Евроцæдисы  цæстдарæг  миссийы цæстдарджытæ  фæсарæн хъуыддæгты  министр æмæ йæ делегацийæ  бавдыстой   информаци районы  æдасдзинады  æрдгæй уавæры  фæдыл,  хъусдард раздæхтой  «бордеризацийы» фарстамæ æмæ конфликтæй зианбавзарæг  цæрджыты змæлды  сæрибардзинады æмæ адæймаджы æндæр бартыл  йæ æппæрццаг æндæвдадмæ.

Дарддæр дискусси  баххæссыд  уыцы конкретон быцæусидтытæм, кæцыты раз  æрвылбойнон царды  лæууынц  администрацион  арæйнон хаххы  дæргъмæ  цæрджытæ æмæ кæцытæ  ноджы фæкарздæр  сты, администрацион  арæйнон  хаххы дæргъмæ уæвæг  ахизæн пунктты æрыхгæдæй.

Уый фæдыл, миссийы  къухдариуæггæнæг  Марек Щигель  райхæлдта, цæмæй  Хуссар Ирыстонимæ администрацион  арæйнон хаххы  дæргъмæ уæвæг  ахизæн дыууæ  пункт, Одзис æмæ  Кардзман, ныр   гом сты 2022 азы  декабры  онг, алы мæйы  20-æй 30-æмы  онг.    Уый уыдис  Евроцæдисы цæстдарæг миссийы æмæ OSCE-ы бирæхаттон   сидты фæстиуæгæн  администрацион арæйнон хаххыл змæлды  сæрибардзинад æххæстæй  сног кæныны фæдыл» – банысангонд у Евроцæдисы цæстдарæг миссийы информацийы.