Евроцæдисы цæстдарæг мисси – нысаниуæгджын у  нæ  зæрдыл дарæм, цæмæй гарзджын конфликтты фæстиуджытæ вæййынц  дæргъвæтин, бафидауыны  æмæ сног кæныны  фæндаг та  вазыгджын
Евроцæдисы цæстдарæг мисси – нысаниуæгджын у нæ зæрдыл дарæм, цæмæй гарзджын конфликтты фæстиуджытæ вæййынц дæргъвæтин, бафидауыны æмæ сног кæныны фæндаг та вазыгджын

 

Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны хæсты   15-æм азы сæры фæдыл  евроцæдисы  цæстдарæг мисси  Гуырдзыстоны   цыт  кæны   хæсты фæстиуæгæн  зианбавзарджытæн,   нæ зæрдыл  лæууынц фæмардуæвджытæ  æмæ  зындзинæдтæ, кæцыты бавзæрстой  сабыр цæрджытæ, нæ  хъуыдытæ сты   уыцы  бинонтимæ,  чидæриддæр абондæр ййафынц   сæ рыст, –  уый фæжыд   Евроцæдисы  цæстдарæг  миссийы  къухдариуæггæнæджы  фидиуæны дзырдæуы.

Фидиуæны  куыд  у банысангонд афтæмæй,   Евроцæдисы   цæстдарæг мисси  хъæддых   дарддæр кæны   тыхархайд  сараза  зæрдæмæдзæугæ  уавæр   конфликты  сабырæй  алыг кæнынæн.

«Нысаниуæгджын у  нæ  зæрдыл дарæм, цæмæй  гарзджын конфликтты фæстиуджытæ вæййынц    дæргъвæтин  æмæ баифдауыны æмæ сæндидзын кæныны фæндаг  та вазыгджын.  Сæрмагондæй  куыд  тæвд хаххы  механизмы   фæткдæттын  æххæстгæнджытæ æмæ Эргнеты  инциденттæ маруадзыны æмæ сыл реагиркæныны   механизмы  (IPRM) дискусситы  æмсæрдæрттæ, æнæцудгæйæ   йæ  фарс хæцæм   дæргъвæтин   уынаффæтæ бацагурынæн   конфликты фæтисуæгæн   зиангонд   дзыллæтæн пайдаджын   тыхархайд, ацы  азысæры  банысан кæныны  рæстæджы, нæ мисси ноджы иу хатт бæлвырд æвдисы  йæ иузæрдыгдзинад регионы  стабилондзинады, сабырдзинады æмæ  æдасдзинадæн  къухацаразынæн.  Куыд объективон   цæстдарæг мисси,   ифтонг кæнæм   администрацион  арæйнон хаххыты дæргъмæ   бынатыл   иудадзыг уæвын  æмæ   адарддæр кæндзыстæм нæ куыст, æууæнк  сног кæныны  æрдгæй.   Мах  æнæцудгæйæ   дарддæр кæнæм  нæ  архайын, саразæм   пайдаджын   уавæртæ  конфликты  сабырæй  алыг кæнынæн», –  дзырдæуы  фидиуæны.