Николоз Самхарадзе фембæлдис Швецийы минæваримæ
Николоз Самхарадзе фембæлдис Швецийы минæваримæ

 

Гуырдзыстоны парламенты æддæ ахастыты  комитеты  сæрдар Николоз Самхарадзе Гуырдзыстоны  Швецийы  Паддзахады сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæвар Анна Либергимæ  фембæлдис.

Фембæлдыл  Гуырдзыстоны æмæ Швецийы  æхсæн уæвæг  дыууæфарсон  ахастытæ æмæ  парламентон æмвæзадыл  æмгуыстад  стынг кæныны  фадæттæ  æркастысты.

Николоз Самхарадзе минæварæн  Гуырдзыстоны европаг æмæ евроатлантикон  интеграцийыл,  еврокомиссийы  бавдыст фараст  къахдзæфы  сыххæсты  процессыл æмæ  фидæнон плантыл  информаци бадæтта.

Минæваримæ фембæлдыл  регионон  æдасдзинады  фарстатæ, Хуссар Кавказы  уæвæг  æдасдзинады уавæр æмæ Уæрæсейы  оккупацигонд Абхаз æмæ  Цхинвалы регионы уæвæг уæззау уавæр афæлгæстой.

Фарсытæ  афтæдæр   мидполитикон  фарстатыл,  раæвзарæнон  периодыл æмæ  парламенты уалдзæгон  сессийы  бонвæткыл фæныхас кодтой.