Мака Бочъоришвили Швецийы минæваримæ  Гуырдзыстоны евроинтеграциимæ баст  фарстатæ æркастис
Мака Бочъоришвили Швецийы минæваримæ Гуырдзыстоны евроинтеграциимæ баст фарстатæ æркастис

Мака Бочъоришвили  Швецийы  минæваримæ фембæлдис.

Европæимæ  интеграцийы комитеты  сæрдар Мака  Бочъоришвили   Гуырдзыстоны Швецийы  паддзахады сæрмагонд æмæ  æххæстбарджын минæвар Анна Либергимæ  фембæлдис.

Фарсытæ Гуырдзыстоны æмæ Швецийы  Паддзахады æхсæн  дыууæфарсон   æмгуыстады  фарстатæ æркастысты  æмæ се стынг кæныны  фадæттыл фæуынаффæ кодтой.   Фембæлдыл  фæныхас кодтой  Гуырдзыстоны  Евроцæисмæ  интеграциимæ баст фарстатыл æмæ  рекомендациты сыххæсты процессыл.

Мака Бочъоришвилийы дзырдæй,  Гуырдзыстон адарддæр кæндзæн реформæты фæндаг,  цæмæй  бæстæ  цæттæ уа  Евроцæдисы  уæнгсуæвынмæ.  Уый бахахх  кодта бæстæйы экономикон   райрæзты  приоритет,  адæмты æхсæн  æмæ бизнес цæдисты баахъаз кæнын  æмæ ацы процессы  Евроцæдисимæ æмæ йæ уæнг бæстæтимæ æмгуыстады нысаниуæг.

Швецийы минæвар гуырдзиаг фарсæн раарфæ кодта Евроцæдисы  кандидаты бæстæйы статус райсты фæдыл æмæ позитивон аргъ скодта  дыууæ бæстæйы æхсæн   бирæазон  æмгуыстадæн.   Уый банысан кодта, цæмæй швеци  йæ фарс хæцы  Гуырдзыстоны  Евроцæисмæ интеграцийæ æмæ цæтæ у, баххуыс кæна  бæстæйæн   алы  хъæугæ æрдæмадæй.  Фембæлдыл  фарсытæ  æрдзырдтой  дыууæ бæстæйы æхсæн æнæаскъуынгæ  æхсæнпарламентон  ахастыты фæарфдæры æрдгæй  æмгуыстадыл.