Николоз Самхарадзе – паддзахад хæсджын у, минæварадты кæнæ консуладты, кæцыты хыгъдыл уыдзæн 50-йæ фылдæр адæймаг, æвзарæнон фадгуытæ байгом кæна æмæ растдæр афтæ сараздзæн
Минæварады æмæ консулады, кæцыты хыгъды куыдзæн 50-й фылдæр адæймаг, закъонмæ гæсгæйæ паддзхад хæсджын байгом кæна æвзарæнон фадыг æмæ уый афтæ уыдзæн кæд нæ бæстæйы алы дипломатон æмæ консулон минæварады 50-йæ фылдæр адæймаг ауадздзæн йæхи регистрацийы, æвзарæнон фадгуытæ байгом уыдзæн – уый фæдыл парламенты æдддæ ахастыты комитеты сæрдар Николоз Самхарадзе фехъусын кодта Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн.
Самхарадзейы дзырдæй, зæгхгæ консулон хыгъдыл слæууын нæ нысан кæны, цæмæй консулад ацы информацийы дæтты уыцы бæстæтæн, кæцыты ис Гуырдзыстоны консуладтæ.
«Цыдæр æнæрхъуыды фидиуæнтæ ауадысты мæ хъустыл, ома цæвиттон хуыцаубонон скъолаты æмæ культурæйы центрты ис гæнæн, æвзæрстытæ ауадзын, кæцы у абсурд. Æвзарæнон фадыг хъуамæ байгом уа Гуырдзыстоны территорийыл, æмæ ахæм та у кæнæ минæварад кæнæ та консулад. Æндæр кæцыфæнды уагдон Гуырдзыстоны территорийыл нымад нæ цæуы. Алкæмæ сидын, æдылы ныхæстæ ма кæнæд æмæ закъонмæ ныккæсæд, кæд та уый æппæт зонынц æмæ дзыллæйы барæй рæдыды æфтауынц, уæд уый бынтон æндæр проблемæ у. Чи цæмæн нæ лæууы консулон хыгъдыл уый тыххæй мæм информаци нæй, фæлæ стыр хай уымæн нæ ацæуынц фæнысангонд процедурæ, æмæ сын гæнæн ис визæйы æрдгæй ис проблемæ æмæ æнхъæлынц, цæмæй хыгъдыл слæууыны фæстæ сын гæнæн ис визон проблемæтæ фæзына. Уыдоны бауырнын кæндзынæн, цæмæй консулон хыгъдыл слæууын нæ нысан кæны, цæмæй консулад ацы информацийы адæтдзæн уыцы бæстæтæн, кæцыты ис Гуырдзыстоны консуладтæ, ай у æрмæст мид фæлхасадæн. Уыдонмæ нæй уый бындур, цæмæй консулон хыгъдыл слæууынæй сæхи аиуварс кæной», – райхъусын кодта Самхарадзе.