Николоз Самхарадзе баздæхт куырдиатæй Свен Миксермæ, зæгъгæ райдайæт уынаффæ, Евроцæдисы официалон документтæй «сталинистон» термин Хуссар Ирыстон сисыны фæдыл
Гуырдзыстоны парламенты фæсарæн ахастыты комитеты сæрдар Самхарадзе Николоз Гуырдзыстоны фæдыл фарстайыл европарламенты раныхасгæнæг Свен Миксермæ баздæхт, Евроцæдисы официалон документтæй зæгъгæ «сталинистон» термин Хуссар Ирыстон сисыны фæдыл. Уый æппæты тыххæй, фæнысангонд самхарадзе чи у уый, Гуырдзыстоны парламенты Европæимæ интеграции æмæ æддæ ахастыты комитетты иумæйаг рабадтыл райхъусын кодта, кæцыйы хайад исы европарламенты раныхасгæнæг Свен Миксер.
«Евроцæдисы делегацийы минæвар дæр ис ам, фæнды мæ рбаздæхон уæм, терминты кой куы кæнæм æмæ ацы фажатæй кæддæриддæр иу спайда кæнын, мах, сымах æмæ æмтгæй зæгъгæйæ ныгуылæн куы тох кæны сталинистон разындтимæ, æмæ уый бакомкоммæ та пайда кæнæм термин Хуссар Ирыстонæй. Растдæрæй та, сымах пайда кæнут алы документы термин Хуссар Ирыстонæй, кæцы афтæдæр у сталинистон термин æмæ йæ æрфидар кодтой 1922 азы, уæдмæ ахæм термин нæ уыд. Уый æддæмæ, Хуссар Ирыстоны, ахæм сырæзт Гуырдзыстоны конституци нымадмæ нæ исы. Уый тыххæй дæр уæ курын, сидын уæм, иумæ фæуынаффæ кæнæм, куыд ис гæнæн ацы термин бынтон сисæм уæ официалон документтæй. Уæлдай дæр, норджы иу хатт зæгъын, уый у сталинистон термин æмæ æнхъæл дæн ма хъуамæ уа æхсызгон, Евроцæдис кæнæ кæцы фæнды нæ æндæр партнер падздахад растдæр ацы Салины дуджы номхуындæй куы пайда кæны уый. Уый тыххæй дæр уæ курæг уыдзынæн, ацы æрдæм ахъуыды кæнæм. Кæд дзы исты официалон куырдиат бахъæудзæн махы æрдгæй, уæд æй сараздзыстæм» – райхъусын кодта Самхарадзе чи у уый.