Никол Пашинян – Тбилисы фæсарæн хъуыддæгты министрты хæдивджыты фембæлд цымыдисон формат у, аргъ кæнын Гуырдзыстоны премьер-министры тыхархайдæн, цæмæй ацы формат æнтыстджын уа
Тбилисы уагъд æттаг хъуыдтæгты министрты хæдивджыты фембæлд тынг цымыдисон формат у. «Ныфс мæ ис, ацы формат стырдæр форматмæ кæй райрæздзæн», – райхъусын кодта Сомихыстоны премьер-министр Никол Пашинян Албанийы сæйраг сахар Тиранайы Европолитикон Цæдисы саммиты райдайæны размæ.
Уый фæдыл Никол Пашинян расидтис, Гуырдзыстоны, Сомихыстоны æмæ Азербайджаны æддаг хъуыдтæгты министрты хæдивджыты фембæлды фæдыл комментари кæнгæйæ.
“Æрæджы Тбилисы уагъд æрцыд æддаг хъуыдтæгты министрты хæдивджыты фембæлд. Мæнмæ гæсгæ уый у тынг цымыдисон формат. Ныфс мæ ис, ацы формат кæй райрæздзæн стырдæр æмæ æххæстдæр форматмæ. Æз аргъ кæнын Гуырдзыстоны премьер-министры тыхархайдæн, цæмæй ацы формат æнтыстджын суа”, – загъта Никол Пашинян.
Гуырдзыстоны, Азербайджаны æмæ Сомихыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрты хæдивджыты фембæлд Тбилисы 17-æм апрелы сырæзт.