Дунейы чемпионат 2026 | Швейцари æмæ Катары фембæлд 1:1 фæцис  #1TVSPORT
Дунейы чемпионат 2026 | Швейцари æмæ Катары фембæлд 1:1 фæцис #1TVSPORT

Дунейы чемпионаты Швейцарийы æмбырдгонд æмæ Азийы кубокы ныры уæлахиздзау Катары фембæлд 1:1 хыгъдæй фæцис.

Фембæлд уагъд æрцыд швейцариæгты уæлæмхасæнæй, кæд æмæ фыццаг тæссаг момент арæзт æрцыд сæ кулдуары, уæддæр Григорий Кобель йæ командæйы фервæзын кодта.

Ацы фембæлды мах федтам ныртæккæйы дунейы чемпионаты фыццаг пенальти, кæцыйы Гондурасы тæрхонгæнæг Себастьян Мартинес снысан кодта Катары голæн, æмæ Брилль Эмболо раст райста æмæ Швейцарийы командæйæн радта размæцыд – 1:0.

Дыккаг таймы Швейцари бирæ бырста, тæссаг моменттæ сарæзта, фæлæ сæхи кулдуары гол бауагътой. Тæрхонгæнæджы æфтаугæ рæстæджы фæндзæм минутыл Буалем Хухи æрæвæрдта катарæгты æнæнхъæлæджы бырст голæй – 35-аздзыд централон хъахъхъæнæг катарæгтæн æрхаста сæ историон фыццаг очко Дунейы чемпионаты.