Никол Пашинян – Сомихыстонæн нæу йæ бон   Уæлхох Карабахы  адæмы фидæн аскуыддзаг кæнын, йæхæдæг  Уæлхох Карабахы  минæвæрттæ хъуамæ уой диалогы фарс
Никол Пашинян – Сомихыстонæн нæу йæ бон Уæлхох Карабахы адæмы фидæн аскуыддзаг кæнын, йæхæдæг Уæлхох Карабахы минæвæрттæ хъуамæ уой диалогы фарс

Сомихыстонæн нæу йæ бон Уæлхох  Карабахы  адæмы амонд аскуыдзаг кæнын,  Уæлхох Карабахы минæвæрттæ хъуамæ  уой бадзырдты, диалогы  фарс, –  уый фæдыл  Сомиыхстоны  премьер-министр Никол Пашинян   райхъусын кодта.

Сомихыстоны  хицауады  къухдариуæггæнæгы  дзырдæй,  Уæлхох Карабахы адæмы  бартæ æмæ  æдасдзинад Баку- Степанакерты  диалогы   форматы, æхсæнадæмон механизмты  фæлгæтты  хъуамæ  кастæуа  Уæлхох Карабахы минæвæртты  хайадисгæйæ.

«Мæ  хъуыдымæ  гæсгæ, Уæлхох Карабахы  минæвæрттæн ацы формулæй  фæлгæтты  уыдзæн фадат, аскуыддзаг кæнын сæ алы  сагъæс æмæ  æнæрмæст бавдисой сæ, æнæрмæст  йæ мидисы  генераци скæнын, фæлæ ма  сегасдæр ахсджиаг цы у,   сæхимæ райсæт политикон    бæрн  ацы мидисмæ гæсгæ, æмæ  æнæрмæст политикон бæрн. Уый у раст фæндаг», –  загъта Никол Пашинян.

Сомихыстоны премьер-министры  дзырдæй,   Дунейы  сæрфад кæцы æндæр æмæ æндæр фарстатимæ  иумæ  регионы  стабилондзинады  иуæй-иу сæйраг факторыл уыд нымад, фактонæй   нал ис æмæ ничи зоны, цахæм уыдзæн    ног  дунейон сæрфад.

«Украинайы  фæзындты фæдыл  нæ  регионы   геополитикон æндæвдад фæкаддæри  æмæ  хурыскæсæн-хурныгуылæны  традицион  формулæтæ  æгъгъæдæй эффективон нал сты.  Сомихыстоны  арæнгæрон   иунæг бæстæйæн  дæр  нæй  конфронтацион   ахастытæ   иннæимæ  æмæ сегасдæр  актуалон фарстаты алыгы  формула дæр  æмгуыстады политикæ  у, кæцы  фылдæр эффективон   свæййы интересты  сбаланс кæныны  тыххæй.  Ацы æрдгæй Азербайджанимæ  сабырадон  бадзырд бафыссын  æмæ Туркимæ  ахастыты  нормализацидзинад æнæмæнгхъæугæ  у, уымæ гæсгæйæ,  цæмæй нæ ахастытæ  Иранимæ  æмæ Гуырдзыстонимæ  æрдзон æгдауæй  рæзынц æмæ райрæзт хъуамæ адарддæр уа», –  банысан кодта  Никол Пашинян.