Никол Пашинян – регионы сабырдзинад нысан кæны Туркимæ æмæ Азербайджанимæ ахастытæ сфидар кæнын
Регионы сабырдзинад нысан кæны Туркимæ æмæ Азербайджанимæ æмахастытæ æрбиноныг кæнын, – уый фæдыл Сомихыстоны премьер-министр Никол Пашинян, националон ассамблейы уæлрадон рабадтыл райхъусын кодта.
Сомихыстоны хицауады сæрдары дзырдæй, Ереван æххæстæй нымадмæ исы Азербайджаы территорион æнæхъæндзинад æмæ уый æнхъæл у Азербайджанæй дæр, Сомихыстоны ССР-ы æнæхъæн территорийыл Сомихыстоны Рсепубликæйæ нымайы.
Никол Пашиняны дзырдæй, Азербайджаны аххосæгтæ ома сабырадон бадзырды алыварс бадзырдты процессы Сомихыстон нæзагъд ракодта Азербайджаны территорин æнæхъæндзинад банымадыл, реалондзинадмæ не мбæлы.
Сомихыстоны премьер-министр банысан кодта, цæмæй Иранимæ æмæ Гуырдзыстонимæ хъæуы ахастытæ фæарф кæнын. Уыимæ Никол Пашинян Сомихыстон-Турчы арæны тагъд байгомы ныфс равдыста.