Никол Пашинян фехъусын кодта, паддзахады бæрны цы аргъуантæ ис, уыдон Сомихы Апостолон Аргъуанæй раздахын кæй фæнд кæны, уый тыххæй
Сомихы хицауады сæрдар Николь Пашинян фехъусын кодта, кæй фæнд кæны паддзахадмæ æрыздахыны аргъуантæ, кæцытæ хауынц Сомихы Апостолон Аргъуанмæ.
“Ховханнаванк, куыд бирæ æндæр цыртдзæвæнтæ, афтæ дæр у хицауады бæрны.Сомихы Апостолон Аргъуанæн лæвар пайда кæнынæн лæвæрд æрцыд цалдæр аргъуаны.
Кæм нæй монон цард, фæлæ интригæтæ, сусæгвæндтæ æмæ фейкты архайд, уым ис алы юридикон æмæ моралон бындур ацы цыртдзæвæнтæ æхсæнадмæ раздахынæн» – райхъусын кодта Никол Пашинян.