Ника Мелиайы  хъуыддагыл   Тбилисы  сахарон тæрхондон абон, 14:00 сахатыл  стæрхон кæндзæн
Ника Мелиайы хъуыддагыл Тбилисы сахарон тæрхондон абон, 14:00 сахатыл стæрхон кæндзæн

Ника Мелиайы  хъуыддагыл   Тбилисы  сахарон тæрхондон абон, 14:00 сахатыл  стæрхон кæндзæн.   Уый тыххæй  Гуырдзыстоны  Фыццаг Къаналæн  сахарон тæрхондонæй  фехъусын кодтой.

Мелиайæн   æфхæрды   мадзал рахæссыны  хъуыддаг æркæсдзæн  тæрхонгæнæг  Темур Гогохиа.

Генералон прокуратурæ  Ника Мелиайæн  æфхæрды  мадзал  раттыны   куырдиатæй  сахарон тæрхондонмæ  абон  басидтис.  Прокуратурæ  Мелиайæн   æфхæрды мадзалæй, ахст раттын домы.

Уымæй  дарддæр ма  Гуырдзыстоны парламент  знон сразы ис  цæмæй прокуратурæ  тæрхондонмæ  баздæха  Ника Мелиайы  æрцахсыны  куырдиатæй.

Гуырдзыстны генералон прокуратурæ æмæ  мидхъуыддæгты  министрады  централон криминалон   полицийы  департамент, уадзы фæдагуырд  2019 азы  20-21   июны,  парламенты раз ацæугæ  акцийыл къордон тыхмидзинады  организацийы,  къухдариуæг кæнын æмæ  уым хайад райсыны  фактыл, Гуырдзыстоны  тугтæрхоны барады  кодексы  225-æм статийæ.Фæнысангонд фæдæвзарæны  фæлгæтты,  Гуырдзыстоны парламенты  уæнгы  Никанор Мелиайы  æрдæм рабæрæг ис  тугтæрхоны барады   кодексæй зæрдылдард  фыдракæнды нысæнттæ. Акцийы  цыды рæстæджы  къордон  тыхмидзинады къуыхдариуæгкæныны  æмæ  уым хайад райсты  тыххæй, Никанор Мелиайы æрдæм,  рахастæуыд  зылынгæнæг  уагæвæрд  Гуырдзыстоны  тугтæрхоны барады   кодексы  225-æм статийы фыццаг æмæ  дыккаг  хæйттæм гæсгæ. Никанор Мелиамæ райсоммæ фæсидтысты Гуырдзыстоны  генералон проуратурæмæ  уымæн аххосаг  бавдисыны нысанæй.   Генералон  прокуратурæ, Гуырдзыстоны  парламенты  регламентмæ æмбæлгæйæ,    ныридæгæн фехъусын кодта  закъондæттæг  органæн парламенты уæнгы  тугтæрхоны барады  дзуаппмæ раттыны  тыххæй, æмæ йæм басидтис, зылынмæ лæвæрды æрдæм ахстæй  æфхæрд æрдомынæн,  барлæвæрд  раттыны  куырдиатæй.