NDI-ы æмæ IRI-ы эксперттæ, политикон партитæм, æвзæрстыты æмæ уый æмвæд политикон процессты, намысджын хайад райсынмæ æрсидтысты
Националон-демократон институты (NDI) æмæ Æхсæнадæмон Республикон Институты (IRI) эксперттæ сидынц политикон партитæм, 2 октябры бынæттон хæдуынаффæйы æвзæрстыты æмæ уый æмвæд политикон процессты намысджынæй хайад райсынмæ. Уый фæдыл дзырдæуы организациты иумæйаг фидиуæны.
«Æхсæнадæмон Республикон Институты (IRI) æмæ Националон-Демократон Институты (NDI) экспертты балтæ, 2021 азы 2 октябры бынæттон хæдуынаффæйы æвзæрстыты агъоммæ, Тбилисы сты. Уыдон сидынц алы политикон партимæ, куыд æвзарæнон, афтæ æвзæрстыты фæстæ процессты активон æмæ намысджын хайад райсынмæ æмæ демократон принциптæ хъахъхъæнынмæ. Уый тыххæй, цæмæй Гуырдзыстонæн йæ бон бауа регионы демократон бæстæйы статус легитимонæй йæхимæ ныуадзын, фарсытæ хъуамæ баиу уæд цæрджыты интерестыл ориентиргонд конструктивон диалогмæ æмæ хæрзгъæд конкуренцимæ.
NDI-ы æмæ IRI-ы экспертты балтæ хицауады минæвæрттимæ æмæ политикон лидертимæ фембæлдзысты, цæмæй æвзарæнон æмæ политикон процессты, демократон принциптыл бындурæвæрд бастдзинады æрдæм сæрмагонд фарсхæцын равдисой. Уымæ дарддæр ма, эксперттæ фембæлдзысты бынæттон цæстдарæгон организацитимæ, цæмæй æвзæрстыты рæстагæй ауадзыны процессы сæ роль бахахх кæной. Фембæлдтæ афтæдæр уыдзæн æхсæнадæмон цæстдарджытимæ æмæ дипломативон корпусы минæвæрттимæ уый æркæсынæн, цæмæй цы æндæвдад ис гæнæн уа æвзарæнон периоды цæугæ процесстæн Гуырдзыстоны фидæны рæзынады перспективæтыл.
NDI-ы æмæ IRI-ы экспертты балтæ æвзæрстыты размæ кæнæ уый фæстæ официалон фидиуæнтæ нæ сараздзысты. Фæнысангонд организациты дæргъвæтин аналитиктæ, информацийæ ифтонг кæндзысты экспертты, ахæм æлхынцъон фарстæты фæдыл, цахæмдæр стыр партиты кампаниты цыд, æвзарæнон администрацийы куыст æмæ æвзæрстыты бон хынцгæйæ хъастыты æмæ æвзарæнон даутæ кæсыны процесстæ. NDI æмæ IRI æвзарæнон процесстæн аргълæвæрдтæ публикаци скæндзысты, æвзæрстытæй цалдæр къуырийы фæстæ», – дзырдæуы иумæйаг фидиуæны.