«NDI» - рафарстгондты 59 %  нырма нæ ахицæн кодтой, кæмæн схъæлæс кæндзысты  2020 азы  парламентон æвзæрстыты
«NDI» - рафарстгондты 59 % нырма нæ ахицæн кодтой, кæмæн схъæлæс кæндзысты 2020 азы парламентон æвзæрстыты

Националон–Демокративон Институты  (NDI)  рафарстмæ  гæсгæйæ,   цæрджыты  фылдæр  88 процент,  октябры   парламентон æвзæрстыты  хайад райсын хъауынц.  Рафарстгонд 12  процент та, нырма нæ  ахицæн кодтой,  ацæудзысты æвзæрстытæм æви нæ.

Уыйимæ иумæ,   рафарстгондты 59 %  нырма нæ ахицæн кодтой, кæмæн схъæлæс кæндзысты  2020 азы  парламентон æвзæрстыты, 36 пароцент та нырид зонынц  кæмæн  ратдзысты хъæлæс.

«NDI» фæнысангонд рафарст ауагъдта  6-11  вгусты  периоды Гуырдзыстоны масштабæй, 2 045  телефонон интервьюйы  фæрцы,  æстæйы æххæстаздзыд  цæрджыты  æхсæн (оккупацигонд территоритæй  цух).  Рафарсты астæуккаг  рæдыд  у +/- 1,3 %-ы бæрц.