НАТО-ы парламентон ассамблей райста резолюци, кæцыйы мидæг фауы Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад халын
НАТО-йы парламентон ассамблей Уæрæсейы быцæусидтыл фокусирдзинады фæдыл резолюци æрцæттæ кодта, кæцыйы мидæг Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад халын фауы. Резолюцийы текст Лисабоны цæугæ парламентон ассамблейыл политикон комитет бавдыст.
Резолюцимæ гæсгæйæ НАТО-йы парламентон ассамблей фауы Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны, Украина æмæ Молдовæйы Республикæйы територион æнæхъæндзинад =халыны факт, Азовы æмæ Сау денджызты навиацийы сæрибардзинад арæн кæнын æмæ Уæрæсейы иудадзыг тыхархайд ацы бæстæты дестабилизацийы нысанæй, сæ Европаг æмæ/кæнæ евроатлантикон интеграцийы рельсытæй раппарыны æмæ æнæбæрнон эскалаци цырын кæнынæй.
Резолюцимæ гсгæйæ, НАТОзйы парламентон ассамблей мæтæфтыд у Абхазы æмæ Цхинвалы регионы/Хуссар Ирыстоны оккупацигонд территоритыл гуырдзиæгты æрдæм адæймаджы барты уæззау халыны æмæ этникон нысанæй дискриминацийы тыххæй, хахх кæны Уæрæсейы Федераци Евроцæдисы æхсæны бацыды фæрцы æхсты фæурæды фæдыл бадзырдæй цы хæсист райста уый сыххæст æнæмæнгхъæуындзинад æмæ тыхбын бынатимвæ уæнгты æмæ лигъдæтты бар, æрыздæхой сæрмагонд хæдзæрттæм.
Уымæй уæлдай ма, НАТО-йы парламентон ассамблей уæнг паддзахадты хицауадты æмæ парламенттæм æрсидтис, стынг кæной Гуырдзыстон æмæ Украинайы евроатлантикон интеграцийы тыхархайдæн æххуыс, Гуырдзыстоны æмæ Украинайы æрдæм рсолитдарондзинад равдисын иумæйаг ахуыртæй æмæ практикон æххуысæй æмæ адарддæр кæной Уæрæсейы æрдгæй Украина, Гуырдзыстон æмæ Молдовæйы Республикæйы хæйтты рæстæгмæ оккупацийы æмæ æнæзаконон анексийы фауын, уый нымæц ыНАТО-Уæрæсейы советы дæр.