Леван Изориа – НАТО-Гуырдзыстоны  архайадон  пакет у иттæг нысаниуæгджын  инструмент, кæцы Гуырдзыстонæн æххуыс кæны евро-атлантикон интеграцийы процессы
Леван Изориа – НАТО-Гуырдзыстоны архайадон пакет у иттæг нысаниуæгджын инструмент, кæцы Гуырдзыстонæн æххуыс кæны евро-атлантикон интеграцийы процессы

Батумы  НАТО-ы  парламентон   ассамблеæйы  Роуз-Россы  рæнхъæй  97-æм  семинарыл, хъахъхъæнынады министр  Леван Изориа дзырдæй ралæууыд  æмæ НАТО-Гуырдзыстоны   æмгуыстады,   æнтыстыты  æмæ   перспетивтæтыл, афтæдæр хъахъхъæныналды  къабазы  структурæты  цæугæ  реформæтыл фæныхас кодта.

Хъахъхъæнынады министры ныхæстæм гæсгæ,   НАТО-Гуырдзыстоны   архайадон пакет  иттæг нысаниуæгджын инструмент у, кæцы   Гуырдзыстонæн æнцой у евро-атлантикон  интеграцийы процессы.  Леван Изориа дзырдæй ралæуды рæстæджы   фæныхас кодта НАТО-Гуырдзыстоны  иумæйаг  ахуыртыл,  хъахъхъæнынады  министрады  цæттæдзинады  программæйыл  æмæ уыцы  адзæлттыл,  кæцытæ Гуырдзыстоны   хæдиргъæфхъомал  сбæрзонддæр кæндзæн.

НАТО-ы парламентон  ассамблейы  семинары хайад исынц  Гуырдзыстоны парламенты сæрдар  Ираклий Кобахидзе, Гуырдызстоны президент  Гиорги Маргвелашвили, НАТО-йы парламентон  ассамблейы  президент  Паоло Алли,  хъахъæнынады æмæ   æдасдзинады   парламентон комитеты  сæрдар  æмæ  НАТО-йы   парламентон  ассабейы  Гуырдзыстоны   парламентон  делегаций  разамонæг   Ираклий Сессиашвили,   æддæ  хъуыддæгты министр  Михеил Джанелидзе,  хъахъхъæнынады министр Леван Изориа,   Швейцарийы  срмагонд  æмæ æххæстбарджын  минæвар  Лукас  Беглингер,  НАТО-йы æмцæдисонон  офисы  къухдаруæггæнæг  Росариа  Пулис  æмæ Аджарийы  автономион   респбликæйы   хицауады   сæрдар  Зураб Патаридзе.

Семинары сæйраг  идея,  хайадисæг фæрсты  æрдгæй  бæстæйы мидæг  æмæ æддæ  расидтыты фæдыл информацийы  кæрæдзийæн базонын кæнын, æдадсзинады фарстыты  æркæсын  æмæ  гарзджын тыхтыл демокративон  цæстбарынады  æрфидар кæнын у.    «Роуз-Россы» семинар  афæдзы  мидæг  цалдæр хатт цæуы  уагъд.

Информацийы хъусын кæны  хъахъхъæнынады министрад.