НАТО-ы парламентон ассамблейыл Румынийы делегацийы къухдариуæггæнæг – Гуырдзыстон, куыд гæнæн ис афтæ тагъд хъуамæ суа  НАТО-йы  уæнг
НАТО-ы парламентон ассамблейыл Румынийы делегацийы къухдариуæггæнæг – Гуырдзыстон, куыд гæнæн ис афтæ тагъд хъуамæ суа НАТО-йы уæнг

Мæхи æмæ мæ коллегæты позици æнæивгæ у, разы стæм  Гуырдзыстоны  НАТО-йы  уæнгæй  суæвынимæ, – уый фæдыл  НАТО-ы  парламентон ассамблейыл  Румынийы  делегацийы  къухдариуæггæнæг Атила Ласзло Мадриды, гуырдзиаг закъондæтджытимæ  фембæлды фæстæ  райхъусын кодта.

«Гуырдзиаг коллегæтимæ  фембæлдыл  фæныхас кодтам  Сау Денджызы  æдасдзинадыл  æмæ  уый фæдыл  цæмæй цас  стыр æмæ стратегион  нысаниуæг ис  Сау Денджызы регион Дунейæн.  Ацы рæстæджы  фæныхас кодтам Румынийы  цæвиттоныл   æмæ нæ фæлтæрддзинадыл.  Румыни  даргъ фæндаг  рацыд НАТО-ы æмæ Евроцæдисы уæнгдзинадмæ.  Уый нæу  æнцон фæндаг. Фæлæ  абон   конфликт  нын равдыста, цæмæй уый æнæмæнгхъæугæ у. Уый тыххæй  не стыр фæндон у, цæмæй   Гуырдзыстон куыд гæнæн ис афтæ  тагъд бауа НАТО-ы  уæнг» – райхъусын кодта Атила Ласзло.