Шалва Папуашвили фембæлдис  НАТО-ы парламентон ассамблейы хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады комитеты уæнгтимæ
Шалва Папуашвили фембæлдис НАТО-ы парламентон ассамблейы хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады комитеты уæнгтимæ

Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили  цæгататлантикон  альянсы  (NATO) парламентон  ассамблейы  хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады комитеты уæнгтимæ  фембæлд.

Шалва Папуашвили  бузныг загъта НАТО-ы æрдгæй  Гуырдзыстоны территорион  æнæхъæндзинад æмæ демократон райрæзтæн фарсхæцыны тыххæй.

Фембæлдыл  Украинайы ныхмæ  Уæрæсейы агрессийыл, регионон  æдасдзинады уавæрыл,  Гуырдзыстоны  уæвæг  уавæрыл, НАТО-Гуырдзыстоны  ахастыты æмæ æрдæмадæй,  дыууæфарсон  парламентон диалогыл фæныхас кодтой.

Банысан ис, ома Гуырдзыстон, азты дæргъы НАТО-йæн æууæнкаг  æмæ  ахсджиаг партнер у æмæ цæгататлантикон альянс  НАТО-мæ интеграцийы фæндагыл, нæ бæстæйæн  æххуыс  адарддæр кæндзæн.

Фембæлды  хайад райстой  хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады  комитеты сæрдар æмæ   НАТО-ы  парламентон ассамблейы  парламенты  иугæндзонархайæг  делегацийы  къухдариуæггæнæг, Ираклий Бераиа  æмæ комитеты  уæнгтæ – Гиорги Хелашвили  æмæ Теона Акубардиа, афтæма, Европæимæ интеграцийы  комитеты сæрдар Мака Бочъоришвили.

Информаци хъусын кæны парламенты  пресс-куыст.