Нато -Гуырдзыстоны комисы деклараци – Гуырдзыстон æнæмæнг суыдзæн Натойы уæнг
НАТО-йы саммиты кæрон 29 æмцæдисон бæстæйы лидертæ Брюсселы саммиты деклараци райстой. Тексты Гуырдзыстоны фæдыл ныхас ис цалдæр хатт.
Декларацийы 65-æм статийы банысангонд у, цæмæй цæгат-атлантикон альянсы лидертæ ноджы иу хатт бæлвырд кæнынц, цæмæй НАТО, гом дуары политикæйы æмзæрдæ у æмæ Гуырдзыстон æнæмæнгæй суыдзæн альянсы уæнг.
«Ноджы иу хатт фæлхатт кæнæм, 2008 азы Бухаресты саммитыл ист уынаффæ, ома Гуырдзыстон суыдзæн НАТО-йы уæнг æмæ ацы процессы скæнæг хай у уæнгсуæвыны архайадон план (МАР), кæцы йæ тыхы зайы. Мах ноджы иу хатт бæлвырд кæнæм цæмæй ацы уынаффæты алы элемент дæр æнæивгæ сты. Райгонд стæм Гуырдзыстон 2008-æм азы фæстæ цы прогрессмæ æрцыд уымæй. Афтæдæр райгон стæм уыцы централон ролæй, кæцы НАТО-Гуырдызстоны камис æмæ афæдзон националон программæ сæххæст кодта Гуырдзыстоны æмæ НАТО-йы æхсæн политикон диалогы æмæ æмгуыстады фæарфдæры. Райгонд стæм Гуырдзыстоны æрдгæй реформæты ауадзыны æмæ цы нысаниуæгджын прогрессмæ æрцыд уымæй, кæцы афтæдæр хъуамæ адарддæр уа, æмæ аспирант паддзахадæн НАТО-йы уæнгдзинадмæ бацæттæйы хъуыддаджы куыд æххуыс кæны, афтæдæр фæтынгдæр кæндзæн Гуырдзыстоны хæдригъæфхъомад æмæ ацы бæстæйы æфсæддон тыхты НАТО-йы стандарттæм æрыввахс кæндзæн. Гуырдзыстон-НАТО-йы ахастыты ис алы практикон амал, кæцы йæ НАТО-ы уæнгдзинадмæ бацæттæ кæндзæн. Мах Райгонд стæм НАТО-ы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн ахастыты фæарфдæр кæнынæй, куыд фæтыхджынæргонд фадæтты партнеры Сау Денджызы æдасдзинады æмæ банкъаринаг прогрессæй, кæцы НАТО-йы архайадон пакеты фæлгæтты цалдæр инициативæйы имплементацийы къуымæй у ист» – дзырдæуы декларацийы 65-æм статийы.