НАТО-йы æмцæдисонон офисы къухдариуæггæнæг - Саммитыл НАТО-йы æмцæдисонтæ æрныхас кодтой, фæарфдæр кæной ахастытæ цалдæр тынг хæстæг партнеримæ, кæцытæ баиу сты Мадриды саммитмæ, партнертæй сæ иу у Гуырдзыстон
НАТО-ы цæстдарæгон офисы къухдариуæггæнæг, Александр Виниковы фидиуæнæй, зæгъгæ Гуырдзыстон сегасдæр фылдæр зиан бавзæрста æддагон æртхъирæны æмæ æдасдзинады уавæрмæ хифæкæнынæй, кæцы расайдта Уæрæсейы æнæпровоциргонд хæст Украинайы.
Уыимæ, НАТО-ы æмцæдисонон офисы къухдариуæггæнæг афтæдæр деталонæй фæныхас кодта саммитыл æмцæдисонтæ цы уынаффæтæ рахастой уыдæтты тыххæй.
«Æмцæдисонты хайст уынаффæтæ гæнæн си æхсæз категорийыл адих кæнæм. Фыццаг у бадзырд æмцæдисонты æхсæн, ома НАТО фундаментон ивддзинæдтæ райсдзæн фæурæды æмæ иргъæфы политикæйы, кæцыйæн бындурæй уыдзæн хъахъхъæнынады сферæйы финансдзинад райрæзын кæнын, уæзты æрвыст æмæ иумæйаг финансдзинад. Дыккаг у уый, æмæ æмцæдисонтæ фæхуыдтой Финлянди æмæ Швецийы, цæмæй уыдон баиу уой альянсмæ. Ацы дыууæ бæстæйы НАТО-йы уæнгтæм райст дзæбæх уыдзæн, куыд сæхæдæг бæстæтæн, афтæ альянсæн æмæ æмтгæй райсгæйæ Европаг æдасдзинадæн. Дыууæдæр бæстæйы НАТО-йы уæнгтæм райсты фæдыл протоколтæ Брюсселы абон бафысдзысты. Æртыккаг – лидертæ æрныхас кодтой Украинайæн дæргъвæтин æххуысы тыххæй, цæмæй ифтонггонд уа Украинайы уæлидзинад Уæрæсейы æрдгæй райдайгæ æнæпровоциргонд æмæ æбуалгъ агрессийы раз. Цыппæрæм – НАТО-ы лидертæ бавдыстой НАТО-ы стратегион концепци, кæцы бæрæг кæны альянсы сæйраг приоритеттæ, сæйраг рард æмæ балæуд фæдылдзог дæсой азмæ. Сæ нымæцы уый æххæссы Уæрæсейæ цæгæ тасмæ, афтæма Китайæ, афтæ куыд æндæр асимметрион æртхъирæнтæм, цахæм дæр сты гибридон, киберæртхъирæнтæ, терроризм æмæ а.д. Фæндзæм – æмцæдисонтæ æрныхас кодтой, стынг кæной тох климаты ивдимæ æмæ бакусой ног инновацион фонд, кæцы баххуыс уыдзæн НАТО-ы технологион фæхуыздæры. Æхсæзæм у уый, цæмæй НАТО-ы æмцæдисонтæ разы сты, фæарфдæр кной ахастытæ цалдæр тынг хæстæг партнеримæ, кæцы сæм саммитыл баиу ис. Бæрæг у, иуæй-иу ахæм партнер у Гуырдзыстон», – райхъусын кодта Виников.
Александр Виниковы дзырдæй, зæгъгæ специалонæй Гуырдзыстонæн бакуыст мадзæлтты пакет, тынг кæны Гуырдзыстонæн политикон æмæ практикон æххуыс. Уыимæ ма, банысан ис, цæмæй ацы ног пакет бакуыст у Гуырдзыстоны фадæттæ райрæзын кæнынæн æмæ афтæма йæ фæразондзинад стынг кæнынæн.
«Сæ нымæцы Гуырдзыстоны хайад райрæзын кæныны фæрцы НАТО-ы киберахуырты, æдасдзинады коммуникацитæ стынг кæнынæй æмæ критикон инфраструктурæйы хъахъхъæнынады æххуысы фæрцы. Адарддæр кæндзыстæм кусын НАТО-Гуырдзыстоны бьындурон пакетыл, кæцы у сæйраг фæлгæт нæ практикон æххуысы æрдæгй Гуырдзыстонæн. Сæ нымæцы ахæм фарстатыл, цахæмдæр сты уæлдæфон хъахъхъæд, рагысгарынад, кризисты менеджмент æмæ кибериргъæф. Афтæма тæрхон кæнæм цалдæр ног сферæ бафтауын пакетмæ. Фæфылдæр кæндзыстæм нæ ахуырты нымæц æмæ бацархайдзыстæм, ацы ахуыртæ иу ауадзæм æртæ нæ фæлæ, алы дыууæ азы мидæг иу хатт. Афтæма æмкуыст кæндзыстæм æндæр æхсæнадæмон организацитимæ, кæцытæ æххуыс кæнынц Гуырдзыстонæн, сæ нымæцы Евроцæдисимæ. НАТО-ма план кæны, æмцæдисонон офисмæ уæлæмхас персонал рарвитын. Афтæдæр нæм ис структурæтæ, цахæмдæр сты ахуырты æмæ аргълæвæрды иумæйаг центр Кърцъанисы, кæцыйы стынг кæнын ис гæнæн Гуырдзыстонæн уæлæмхас æххуысы нысанæн. Фидæн мæйты нæ офис æнгом æмкуыст кæндзæн нæ гуырдзиаг коллегæтимæ, цæмæй Мадриды хаст уынаффæтæ фестой деталон планæй, кæцыйæн уыдзæн нысæнттæ æмæ æмгъуыдтæ», – райхъусын кодта Александр Виников.