НАТО-Гуырдзыстоны ахуырты æмæ аргълæвæрды иумæйаг центры бындурæвæрдæй фондз азы рацыд
НАТО-Гуырдзыстоны ахуырты æмæ аргълæвæрды иумæйаг центры (JTEC) бындурæвæрдæй фондз азы рацыд. Бæрæгбонон мадзалыл уыдысты Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министры фыццаг хæдивæг Лела Чиковани, хъахъхъæнынады тыхты сæргълæууæг, инæлар-майор Гиорги Матиашвили, НАТО-Гуырдзыстоны архайадон пакет (SNGP) сæйраг къорды минæвæрттæ, афтæма, ц ентры, АИШ-ы æфсады æмæ денджызон фистæгты сæрмагонд сконд æмæ æндæр хуынд уазджытæ.
«НАТО-Гуырдзыстоны ахуырты æмæ аргълæвæрды иумæйаг центр (JTEC), националон ахуырадон центр «Кърцъанисы» базæйыл 2014 азы Уэльсы саммитыл Гуырдзыстонæн лæвæрд, НАТО-Гуырдзыстоны архайадон пакеты (SNGP) фæлгæтты уыд бындурæвæрд. JTEC алы æмвæзадыл быдырон симуляцион æмæ виртуалон ахуыртæ, куыд сæрдæртты æмæ бригадæтæн, афтæдæр батальоны, ротæ æмæ дыууын лæгон иугæндтæн цæуы.
Ахуырты центры инициативæйы фæлгæтты гуырдзиаг æфсæддон службæгæнджытимæ иумæ, бындурæвæрды фыццаг бонæй баст сты НАТО-йы уæнг æмæ партнер бæстæты архайæг æфсæддон гæстæ. Уынаффæгæнджыты къорды сты Норвегийы, Лиетувæйы æмæ Стыр Британийы минæвæрттæ.
Гуырдзыстон-АИШ-ы дыууæфарсон æмгуыстады фæлгæтты JTEC-ы бавдыст у АИШ-ы денджызон фистæгты корпусы æмæ æфсады контингенттæ, афтæдæр куыд æмбæстагон экспертты къорд. Абоны бонмæ JTEC-ы скондмæ хауынц цыппар центры: хæцынмæ бацæттæйы центр, сабырадон операциты ахуыргæнæн центр, ахуырты æмæ алргълæвæрды центр æмæ сæргълæууæгон-штабон ахуырты центр»- банысангонд у хъахъхъæнынады уагдоны информацийы.