Натиа Турнава Æхсæнадæмон Валютон Фонды Астæу Хурыскæсæны æмæ Централон Азийы Департаменты хистæримæ фембæлдис
Гуырдзстоны националон банкы президенты хæстæ æххæстгæнæг Натиа Турнава æмæ вице-президент Арчил Мествиришвили фембæлдысты Æхсæнадæмон Валютон Фонды (ÆВФ) Астæу Хурыскæсæны æмæ Централон Азийы департаменты хистæримæ Джихад Азуримæ.
Фембæлдыл ныхас уыд регионы экономикон уавæрыл æмæ уæвæг расидтытыл. Натиа Турнава Джихад Азурæн Гуырдзыстоны макроэкономикон тенденцитæ æмæ Националон Банкы реформæтæ базонын кодта. Уыимæ ныхас уыд ÆВФ-ы æххуысæй Гуырдзыстоны эконмоикон программæйы цыдыл. Банысан ис, цæмæй программæ Гуырдзыстоны макроэкономикон стабилондзинады сфидар кæнынæн у ахъаз. Хъусдард здæхт уыдис Националон банкы ролмæ Гуырдзыстоны финансон секторы стабилондзинад сфидар кæныныл.
Визиты фæлгæтты Натиа Турнава хайад райста Сомихыстоны Националон Валютæй – Драмы 30 азы сæрмæ нывонд юбилейон мадзалы. Бæрзонд рангы симпозиум, Дилижаны Сомихытсоны Централон Банкы æмæ «Бретон Вудсы Комитеты» организацигондæй ацыд. Националон Банкы президенты хæстæ æххæстгæнæг базонгæйы равгы фембæлдтæ ауагъдта Сомихыстоны æмæ Узбекистаны Централон банкты къухдариуггæнджытимæ.