Наркотикон фыдракæнды тыххæй ахст æрцыдысты æртæ уæнгы, сæ нымæцы экономикæйы министрады кусæг
Гуырдзыстоны МХМ-ы хъусинагæй, Тбилисы наркотикон фыдракæнды тыххæй, ахст æрцыдысты Гуырдзыстоны æртæ æмбæстаг: 1980 азы гуырд И.Г. ; 1981 азы гуырд Г.Ш. æмæ экономикæйы æмæ æнæцудгæ тынгады министрады кусæг 1983 азы гуырд О.И.
Дзырдæуы наркотикон фæрæзты сæрмагондæй егъау бæрцæй æнæзакъононæй балхæд-бавæрыны æмæ наркотикты реализацийы фактытыл.
И.Г. –йы ныхмæ райдыдта фæдагуырд, наркотикты сæрмагондæй егъау берцæй æнæзакъононæй балхæд-бавæрын æмæ реализацийы фактыл, кæцы йæ хъуыдыйы дары 8-æй 20 азы онг ахстæй æфхæрд кæнæ та цæрæнбойнон ахст.
Г,Ш-ы ныхмæ фæдаугырд цæуы, наркотикты сæрмагондæй егъау бæрцæй балхæд-бавæрыны тыххæй, кæцы йæ хъуыдыйы дары 8-æй 20 азы онг ахстæй æфхæрд кæнæ та цæрæнбойнон ахст.
Экономикæйы министрады кусæгы О.И-йы ныхмæ хъуыддаг рæгъмæ хаст æрцыд, наркотикон фæрæзты сæрмагондæй стыр бæрцæй балхæд-бавæрыны фактыл, кæцы йæ хъуыдыйы дары 5-æй 8 азы онг ахстæй æфхæрд – дзырдæуы МХМ-ы хъусинаджы.