«Намохван-гэс»-ы ныхмæ акцигæнджытæ Республикæйы фæзыл, фæндаджы цæуæн хайыл цатыртæ сывæрдтой æмæ хъусынк æнынц,ц æмæй протесты ацы формæйы тыххæй æрныхас кодтой мериимæ
«Намохван-гэс»-ы арæзтады ныхмæ акцийы хайадисджытæ Тбилисы, Республикæйы фæзыл халагъудтæ вæрын райдыдтой.
Акцийы хайадисджыты хай цатырты базззаын хъавынц.
«Протестмæ бирæ адæймаг иу кæны æндæр æмæ æндæр регионтæй, бирæтæ æрцыдысты, уыдон ам баззайдзысты æмæ æхсæв сбон кæндзысты. Цæмæй амалуæвгæйæ нормалонæй сбон кæной, уыдонæн сты ацы цатыртæ, ам баулæфдзысты. Цас рæстæг аххæсдзæн ацы уавæр уый баст у куыд сымбæлдзæн хицауад æркуырдтыл кæцытæ айзæлын кодтой Рионы Комы хъахъхъæнджытæ» – райхуъсын кодта акцийы хайадисæг Саба Квантришвили.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, Республикæйы фæзыд 50-ы бæрц цатыр сывæрдзысты.
Фарстыл «План кæнут æви нæ фæндлаг сыхгæнын?» 0 акцийы хайадисæг дзуапп дæтты, цæмæй протесты ацы формæ мериимæ разыгонд у зæгъгæ.
Акцийы хайадисджытæ æнхъæлмæ кæсынц сæрмагонд æркуырдты фæдыл хицауады уынаффæмæ.
Уыдон куыд дзурынц афтæмæй, 24 майы 12:00 сахаты оонг дæттынц рæстæг хицауадæн се æркуырдтæ сыххæст кæнынæн, науæд та сæйраг горæты парализаци скæндзысты.
Æркуырдты тыххæй акцийы организатортæй сæ иу Варлам Голетианийы фидиуæнæй, компани «Энка» хъуамæ феддæмæ уæд Рионы комæй æмæ йемæ бадзырд аскуынын хъæуы, компанимæ цы бадзырдтæ уыд, уый иууылдæр урæд æрцæуæд, фæмацы уæд 2015-æй азæй абоны онг алы документаци.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, æркуырдты æхсæн ис экономикæйы министры куыстуæгъд, алы уыцы уæнгы дзуаппмæ раттын, чидæриддæр хайад исы ацы проект æмæ энергосекторы æрбастæуæд моратори.