«Намахвани-гэс»-ы каскады ныхмæ чи сты уыцы æмбæстæгтæ нырид æмбырд кæнынц Кутаисы централон фæзыл, цы ран акци 13:00 сахатыл хъуамæ райдайæт. Протесты 141 бон акцийы хайадисджытæн ма фæзындис иу ног æркуырд, йæ пост ныууадзæт экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр Натиа Турнава.
Акцийы хайадисджытæ абон райдайдзысты къухфыстытæ æмбырд кæнын.
«Нæ сæйраг æркуырдтæм ма бафтыдтам но иу сæйраг æркуырд, йæ куыстæй ист æрцæуд Натиа Турнава, кæцы фембæлдæй куы ахъуызыд уымæй тынг фæхъыг кодта дæсгай мин адæймагы, кæцыты номæй фембæлдыл уыдыстæм мах» – загъта Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн Рионы комы хъахъхъæнæг Ваарлам Голетиани.